Æддагполитикон уагдон -  Турчы стихийы  зонæйы бæрæг у  Гуырдзыстоны дæсгай æмбæстагы бынат, сæ уавæр æвæрццаг у, цæуынц дыууæ æмбæстагы агурæн мадзæлттæ
Æддагполитикон уагдон - Турчы стихийы зонæйы бæрæг у Гуырдзыстоны дæсгай æмбæстагы бынат, сæ уавæр æвæрццаг у, цæуынц дыууæ æмбæстагы агурæн мадзæлттæ

Турчы республикæйы  æрцæугæ  масштабон   зæххæнкъуысты фæстæ Турчы Гуырдзыстоны  минæварад  стихийы зонæйы  уæвæг  Гуырдзыстоны  æмбæстæгтæ баххуыскæнынæн   дарддæр кæны уæлвæтк  режимæй кусын.

Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады информацийæ,  Гуырдзыстоны æмбæстæгты  уавæры æмæ  уæвыны  бынаты  сбæрæг кæныны нысанæн, минæварад иудадзыг контактыл ис  Турчы Республикæйы  уæлвæтк уавæрты центримæ  (AFAD).

Банысанкæнинаг у, цæмæй 24 сахатон режимæй  кусы Турчы Гуырдзыстоны минæвараы тæвд хаххытæ дæр, кæцытæм ацы рæстæгмæ Гуырдзыстоны æмбæстæгты æмæ сæ бинонты уæнгты  минæй фылдæр  телефонон дзырд сыххæст ис. Бæрæг куыд у афтæмæй, ац  этапыл  Гуырдзыстоны  æртæ æмбæстагы  мæлæт  у бæрæг, сæ  нымæцы иу  æмбæстагы нырид  æрластой  Гуырдзыстонмæ.  Банысанкæнинаг  у, цæмæй  ацы  афонмæ  бæрæг у  Гуырдзыстоны дæсгай мбæстагы  уæвыны бынт, сæ  уавæр та æвæрццаг у. Цæуы агурæн-ирвæзынгæнæн   куыстытæ  дыууæ  æмбæстагы  фæдыл г. Газиантепы  æмæ г. Скандеруны.

Минæварад активон кусы  стихийы зонæйы уæвæг  æмбæстæгты  æдасæй  раласыны æмæ сын баххуысы   альтернативон   фæндæгтæ бацагуырдыл. Хъуамæ банысан уа, цææмй стихийы  зонæйы фæстæмæ  куылмпыгонд у   змæлдб  æрмæст автомагистралтыл цæуынц  сноггæнн  куыстытæ.

Стихийы  зонæйы  æрдæм сæрибарæй  змæлын сæ бон у æрмæст  ирвæзынгæнæн къордтæн æмæ   гуманитарон æххуысы  колоннæтæн.   Уавæр  ноджы карздæр кæнынц  уæззау  метеорологион уавæртæ, уазал æмæ митуард.  Æрвылбойнонæй   фылдæр кæны  зианбавзарлджыты æмæ фæмардуæвджыты нымæц.  Турчы Гуырдзыстоны  минæварад иудадзыг контактыл ис  стихийы  зонæйы  уæвæг Гуырдзыстоны  æмбæстæгтимæ, сæ хъæуындзинæдтæ сбæрæг кæныны нысанæн»- хъусын кæнынц  фæсарæн хъуыддæгты министрады.