Æддагполитикъон уагдон - Евроцæдисы/Шенгеныбæстæты Гуырдзыстоны нымадмæ исынц иуæй-иу сегасæй æдас бæстæйæ, цæй тыххæй  дæр лигъдоны статусагурджыты куырдиæттимæ не сразы вæййынц
Æддагполитикъон уагдон - Евроцæдисы/Шенгеныбæстæты Гуырдзыстоны нымадмæ исынц иуæй-иу сегасæй æдас бæстæйæ, цæй тыххæй дæр лигъдоны статусагурджыты куырдиæттимæ не сразы вæййынц

Æмбæстæгтæ  хъуамæ æмбарой, цæмæй  Евроцæдисы/Шенгены  уæнг бæстæты,  Гуырдзыстонæй  лигъдоны статусагурджыты куырдиæттимæ не сразы вæййынц. Уыдонæн нæзагъд ракæнынц  стутсы раттыныл  æмæ сæ фæсæтæмæ раздахынц  фыдыбæстæмæ –  уый фæдыл  Фыццаг Къаналæн  фехъусын кодтой  Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады.

Фыццаг Къанал  Гуырдзыстоны ФХМ-мæ  абон ахæлиугонд информацимæ гæсгæ  басидт,  кæцымæ гæсгæ  дæр    Швеци ивгъуыд азы Гуырдзыстоны иунæг æмбæстагæн дæр нæ ратта  ницы статус.

Фæсарæн хъуыддæгты уагдоны   информацийæ,   æмбæстæгтæн  хиæмбæхсæн раттыныл   нæзагъды æфсон у уый, æмæ  Евроцæдисы  бирæ бæстæтæ, Гуырдзыстоны  нымадмæ исынц куыд иуæй-иу сегасæй æдас бæстæйæ.

«Гуырдызстоны  æмбæстæгты статус райсыны куырдиæтты   æркасты  æмгъуыдтæ  Шенгены зонæйы фылдæр бæстæты, минимумы онг æркодтой. Ахæм ахаст  Гуырдзыстонæй статусагурджыты æрдæм, уый тыххæй сырæзт, æмæ  Евроцæдисы/Шенгены  уæнг бæстæты  Гуырдзыстоны нмадмæ исынц иуæй-иу сегасæй æдас бæстæйæ, кæцы  у нæ бæстæйы   уæвæг  демокративон  стандартты æмæ   адæймаджы барты  хъахъхъæды æрдгæй  архайæг уавæрæй  рацæугæ.

Уымæ æмбæлгæйæ дæр,   Гуырдзыстоны æмбæстагы  куырдиат  хиæмбæхсæн   ракуырыны  фæдыл, кастæуы  фенцондæргонд процедурæйæ  æмæ  цыбыр æмгъуыдтæм (хаттæй-хатт  цалдæр бонмæ)  æмæ фылдæр цауы,  скуыддзæг вæййы æппæрццаг» –  райхъусын кодтой  Фæсарæн хъуыддæгты министрады.

Уагдоны фидиуæнæй,   визон режимы  либерализаци, иумæйаг  тыхархайды  æмæ масштабон  реформæты фæстиуæг у  æмæ бæстæйы  нысаниуæгджын   æнтыст у.

«Фæнысангонды тыххæй,  алы  æмбæстаг  хъуамæ æмбара, сæрмагонд бæрн, бацауæрдой  ацы æнтыстыл  æмæ  бахъахъхъæной  æнæвизæ  дыууæрдæм цыды  режимы  домæнтæ» –  банысан кодтой  Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады.

Бакой уын кæндзыстæм,   Швецийы  имиграцион агентады   информацийæ,  2017 азы, Швеци   æркастис Гуырдзыстоны  æмбæстæгты  963   куырдиат хиæмбæхсæн раттыны фæдыл  æмæ  сæ иунæгимæ  дæр не сразы ис.