Æддагполитикъон уагдон - Евроцæдисы/Шенгеныбæстæты Гуырдзыстоны нымадмæ исынц иуæй-иу сегасæй æдас бæстæйæ, цæй тыххæй дæр лигъдоны статусагурджыты куырдиæттимæ не сразы вæййынц
Æмбæстæгтæ хъуамæ æмбарой, цæмæй Евроцæдисы/Шенгены уæнг бæстæты, Гуырдзыстонæй лигъдоны статусагурджыты куырдиæттимæ не сразы вæййынц. Уыдонæн нæзагъд ракæнынц стутсы раттыныл æмæ сæ фæсæтæмæ раздахынц фыдыбæстæмæ – уый фæдыл Фыццаг Къаналæн фехъусын кодтой Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады.
Фыццаг Къанал Гуырдзыстоны ФХМ-мæ абон ахæлиугонд информацимæ гæсгæ басидт, кæцымæ гæсгæ дæр Швеци ивгъуыд азы Гуырдзыстоны иунæг æмбæстагæн дæр нæ ратта ницы статус.
Фæсарæн хъуыддæгты уагдоны информацийæ, æмбæстæгтæн хиæмбæхсæн раттыныл нæзагъды æфсон у уый, æмæ Евроцæдисы бирæ бæстæтæ, Гуырдзыстоны нымадмæ исынц куыд иуæй-иу сегасæй æдас бæстæйæ.
«Гуырдызстоны æмбæстæгты статус райсыны куырдиæтты æркасты æмгъуыдтæ Шенгены зонæйы фылдæр бæстæты, минимумы онг æркодтой. Ахæм ахаст Гуырдзыстонæй статусагурджыты æрдæм, уый тыххæй сырæзт, æмæ Евроцæдисы/Шенгены уæнг бæстæты Гуырдзыстоны нмадмæ исынц иуæй-иу сегасæй æдас бæстæйæ, кæцы у нæ бæстæйы уæвæг демокративон стандартты æмæ адæймаджы барты хъахъхъæды æрдгæй архайæг уавæрæй рацæугæ.
Уымæ æмбæлгæйæ дæр, Гуырдзыстоны æмбæстагы куырдиат хиæмбæхсæн ракуырыны фæдыл, кастæуы фенцондæргонд процедурæйæ æмæ цыбыр æмгъуыдтæм (хаттæй-хатт цалдæр бонмæ) æмæ фылдæр цауы, скуыддзæг вæййы æппæрццаг» – райхъусын кодтой Фæсарæн хъуыддæгты министрады.
Уагдоны фидиуæнæй, визон режимы либерализаци, иумæйаг тыхархайды æмæ масштабон реформæты фæстиуæг у æмæ бæстæйы нысаниуæгджын æнтыст у.
«Фæнысангонды тыххæй, алы æмбæстаг хъуамæ æмбара, сæрмагонд бæрн, бацауæрдой ацы æнтыстыл æмæ бахъахъхъæной æнæвизæ дыууæрдæм цыды режимы домæнтæ» – банысан кодтой Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады.
Бакой уын кæндзыстæм, Швецийы имиграцион агентады информацийæ, 2017 азы, Швеци æркастис Гуырдзыстоны æмбæстæгты 963 куырдиат хиæмбæхсæн раттыны фæдыл æмæ сæ иунæгимæ дæр не сразы ис.