Æддæ хъуыддæгты министрад Гуырдзыстоны æмбæстæгты фæдзæхсы, Ливимæ балц кæнынæй сæхи бауромой
Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрад, Гуырдзыстоны æмбæстæгты фæдзæхсы, цæмæй Ливимæ балцæ кæнынæй сæхи бауромой.
Уагдоны ахæлиугонд информацийы куыд дзырдæуы афтæмæй, бынатыл сырæзт уавæры тыххæй, Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрад цух у фадæттæй, алы æмбæлгæ амæлттæй баххуыс кæна Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн Ливийы территорийыл.
«Ливийы æдасдзинады æрдгæй сырæзт уæззау уавæры тыххæй, Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрад сиды Гуырдзыстоны æмбæстæгтæм, сæхи бауромой Ливимæ балц кæнын æмæ йæ территориыл уæвгæйæ бынативдæй, куыд сурзæхыд, афтæ уæлдæфон æмæ денджызон транспортæй, уымæн æмæ бынатыл уæвæг уавæрмæ гæсгæ, Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрад цух у фæрæзæй, æнæмæнг цауы баххуыс кæна Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн Ливийы территорийыл» – банысангонд у Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады ахæлиугонд фидиуæны.