«Adjara Group» æмæ АИШ-ы æхсæнадæмон райрæзты корпорацийы æххусæй, Абастуманы байгом уыдзæн фысымуат «Rooms Hotel»
Абастуманы историон санатори «Аразиндойы» реабилитацийы æмæ «Rooms Hotel»-ы бренды дæлбар райрæзты фарсхæцынæн финансон бадзырд бафыстæуыд. Бадзырдыл къух бафыстой «Adjara Group» æмæ АИШ-ы æхсæнадæмон райрæзты финансон корпораци. Къухæвæрды церемониал ацыд Тбилисы, фысымуат «Стамбайы».
Мадзалыл уыдис АИШ-ы минæвар Гуырдзыстоны Келли Дегнан.
Минæвары дзырдæй, зæгъгæ АИШ нырид 30 аз у, инвестицитæ æвæры Гуырдзыстоны экономикон райрæзты. Дегнан куыд банысан кодта афтæмæй, АИШ-ы æхсæнадæмон райрæзты финансон корпораци 800 милуан долларæй фылдæр инвестици сыххæст кодта Гуырдзыстоны.
Минæвары фидиуæнæй, зæгъгæ АИШ адарддæр кæндзæн кусын Гуырдзыстонимæ ног куыстбынæттæ сæвзæрын кæнынæн æмæ экономикæ стимуляцийæн.
«Аæ æппæт цæуы райрæзты финансон корпорацийы æмæ æндæрты фæрцы. Финансон корпораци 800 милуанæй фылдæр долары инвестици сыххæст кодта проектты, сæ фылдæр сты ам, Тбилисы. Абастуманы «Румсы» фысымуат уыдзæн иуæй-иу фыццаг ацы регионы æмæ зæрдæскъæфт стæм уымæй. Уый у проект, кæцыйы афтæдæр баст уыд АИШ-ы æхсæнадæмон райрæзты агентады контрибуци. Уый у АИШ-ы æмæ Гуырдзыстоны партнерады дзæбæх цæвиттон. Афтæма у, райрæзты финансон корпорацийы, АИШ-ы æхсæнадæмон райрæзты агентады æмæ АИШ-ы минæварады иумæйаг куысты цæвиттон, кæцы уагъд у Гуырдзыстоны экономикон райрæзтæн баххуыс кæнынæн. Нæбыхсгæйæ æнхъæлмæ кæсын ацы фысымуатмæ куы фæуазæг уыдзынæн 2024 азы, уазджытæн дуар куы байгом кæндзæн уæд. АИШ адарддæр кæндзæн кусын Гуырдзыстонимæ ног куыстбынæттæ сæвзæрын кæнынæн æмæ экономикæйы стимуляцийæн» – загъта Келли Дегнан.