«Адидасы» фæстæ  Уæрæсе ныууадздзæн  «Пума» дæр #1TVSPORT
«Адидасы» фæстæ Уæрæсе ныууадздзæн «Пума» дæр #1TVSPORT

Зындгонд немыцаг  компани  «Пума»  Украинйы цæугæ уырыссаг  агрессийы тыххæй   рахаста уынаффæ  æмæ Уæрæсейы  алы   дуканиты æрыхгæды  фæдыл райхъусын кодта.

Организацийы  уагъд  мадзæлтты æхсæн цалдæр  нысаниуæгджын   мæ  зæрдылбадаринаг  продукт ис: фыццаг та уый у æмæ «Пума»  Уæрæсейы баскетболы федерациимæ  контракт æнæаргъæвгæйæ  аскуыдта, агрессор бæстæйæн   продукци  лæвæрд бауромдзæн  æмæ  алы дукани сыхгæндзæн.

Ацы рæстæджы  «Пума»  Украинайæн æххуысы нысанæн,   конкретон къахдзæфтæ сараздзæн – компанийы  кусджыты мæ   сæ  бюинонтæн  ныгуылæн Украинайы  æнæаргъ цæрæн хæдзæрттæ агурын райдайдзæн.  Уый æддæмæ ма, немыцаг  бренды кусджытæ Польшæйы, Чехы, Венгри æмæ  Румынийы  украинаг  персоналæн арæныл рахизын баххуыс уыдзысты  æмæ сæ  сифтонг кæндзысты цæрæн  уаттæй, украинаг кусджытæн та  мыздтæ  бафиддзысты рагагъоммæ, «Пумаимæ» баст  хæрзгæнæг    организацитæ  Украинайæн  хцайæ баххуыс уыдзысты, æрмæст цæрджытæн – продукцийæ æмæ  æндæр дзаумайæ.

«Пума»нæу  фыццагкомпани, кæцы   Уæрæсейæ   райста  йæхи – Украинамæ  бырсты  æмæ  хæстрайдаыны  фæстæ Уæрæсейы футболон  æмбырдгондимæконтракт аскуыдта  немыцаг бренд «Адидас».