Адам Кинзингер – Гуырдзиаг адæмæн ис дыууæ æвзæрст, кæнæ бафидауа уырыссаг паддзахадæй уæвынимæ, кæнæ  та  сæ хицауад раивын хæъуы
Адам Кинзингер – Гуырдзиаг адæмæн ис дыууæ æвзæрст, кæнæ бафидауа уырыссаг паддзахадæй уæвынимæ, кæнæ та сæ хицауад раивын хæъуы

Раздæры республикаг конгрессмен  æмæ  ныр телекомпани  «CNN»-ы политикон  комментатор  Адам Кинзингер  «Твиттеры»  фарсыл Гуырдзыстоны  АИШ-ы  минæвары Келли Дегнаны комментари публикаци кæны, кæцыйы мидæг америкаг дипломат  Батуммæ  круизон лайнер  Асториайы æрбацыды  ныхмæ  протестон акцийы  кой  кæны.

Раздæр конгрессмен   ацы  видеойы бын ахæм комментари аразы: «Æз куыд адæймаг, кæцыйæн иу бон  хæстæг ахастытæ  уыд  Гуырдзыстоны хицауадимæ,   сагъæсгæнæг дæн, уымæн æмæ  абон куыд зыны афтæмæй,  уыдон (Гуырдзыстоны хицауад)  тырны   авторитаризммæ  æмæ  нæ  æххæст кæнынц  сæрмагонд адæмы   æнхъæлцытæ.  Гуырдзиаг адæмæн дыууæ æвзæрст ис – кæнæ  бафидауа  уырыссаг  паддзахадæй   уæвынимæ, кæнæ та сæ  хъæуы  ног хицауад», – фыссы Кинзингер.