Адæмон барты хъахъхъæнæг -  Адæмон барты хъахъхъæнæг, ноджы иу хатт  сиды МХМ-æ, бакусæд  закъондæттынады фæлгæтты æмæ  ноджы иу  хатт æмбарын кæны, цæмæй  тыхæй спайда  хъуамæ  æнæмæнгхъæугæ æмæ  пропорцион
Адæмон барты хъахъхъæнæг - Адæмон барты хъахъхъæнæг, ноджы иу хатт сиды МХМ-æ, бакусæд закъондæттынады фæлгæтты æмæ ноджы иу хатт æмбарын кæны, цæмæй тыхæй спайда хъуамæ æнæмæнгхъæугæ æмæ пропорцион

Адæмон барты хъахъъхæнæг ноджы  иу  хатт сиды МХМ-æ   бакусæд  закъонæттынады фæлгæтты æмæ  ноджы  иу  хатт æмбарын кæны, цæмæй тыхæй  спайда хъуамæ уа  æнæмæнгæй хъæугæ æмæ  пропорцион – уый фæдыл  Гуырдзыстоны  адæмон барты хъахъхъæнæгы  фидиуæны  дзырдæуы.

«Адæмон барты  хъахъхæнæг æмæ аппараты  минæвæрттæ  цæст дарынц   парламенты цур айтынггонд  фæзындтæм.  Хъыгагæн пъæлицæйы æрдгæй  ноджы сфиксир ис  æмбæстæгты ныхмæ сæххæст  цалдæр æнхъæлцау æнæмбæлгæ  ахасты  факт.

Адæмн барты  хъахъхъæнæг   ноджы иу хатт  сиды мидхъуыддæгты министрадмæ,  бакусæд  закъондæттынады фæлгæтты æмæ ноджы иу хатт  æмбарын кæны, цæмæй   тыхæй спайда  хъуамæ  уа  æнæмæнгхъæугæ æмæ пропорцион,  йæ нысан хъуамæ  уа  конкретон  барадон  мадзал ауадзын æмæиунæг цауы дæр ма айрæза  æмбæстæгтыл барæй   тыхмидзинадмæ.

Афтæма, адæмон барты  хъахъхъæнæг сиды спцеиалон  фæдагурæг  куыстмæ,  уайтагхд реакци равдисынмæ  лæвæрд  факттыл; нырид цæугæ  фæдагуырдтæ  та ауадза  максималонæй   цыбырдæр æмгъуыдтæм, цæмæй  ма фæзына  æнæфхæрды  æнкъарæн, кæцы  удцырын кæндзæн  хицæн  пъæлицæйæгты   дарддæр  æнæзакъонон  архæйдтытæ ракæнынмæ» –  дзырдæуы   адæмон барты хъахъхъæнæгы  фидиуæны.