Адæмон бартæ хъахъхъæнæг Михеил Саакашвилийы ахæстоны кадрты публикацийы фæдыл аргълæвæрд ахæлиу кодта
Адæмон бартæ хъахъхъæнæг Нино Ломджариа пенитенцион куыст Михеил Саакашвилийы хосгæнæн уагдонмæ куыд аласта уыцы кадрты публикацийы тыххæй фидиуæн аразы.
Адæмон бартæ хъахъхъæнæгы фидиуæны куыд у банысангонд афтæмæй, зæгъгæ видеоныффыстытæ æххæстæй æмæ æнæаскъуынгæйæ не вдисынц релевантон эпизод, компиляцийы цы эпизодтæ сты уым та ахæст æрдæгæй бæгънæг, æгадгæнæг уавæры у æвдыст.
«Адæмон хъахъхъæнæг нымайы, цæмæй æнæпропорцион æмæ æфхæрæн формæйæ ахæст Михеил Саакашвилийы кадрты публикацийæ, хæлынц йæ джелбетты, намысы æмæ хисæрмгаонд цардуагы нæфæцагайгæдзинады бартæ. Адвокаты позици нейтрализацийæн, фæдагуырдæн фæнысангонд видеоæрмæгы æххæстæй бадæттынимæ иумæ гæнæн уыд равзæрстаиккой барты каддæр æфхæрæг æндæр фадæттæ. Адæмон хъахъхъæнæг домы – юстицийы министр æмæ специалон пенитенцион куыст цыт кæнæт ахæстты бартæн æмæ ныууадзæт Михеил Саакашвилийы персоналон бæрæггæнæнты, намыс æмæ джелбетт æфхæрын», – дзырæдуы омбудсмены фидиуæны.