Ачъарайы  хицауады хæдзары цур  оппозицийы  акцийыл цалдæр гоймагы æрцахстой
Ачъарайы хицауады хæдзары цур оппозицийы акцийыл цалдæр гоймагы æрцахстой

Ачъарайы  хицауады хæдзары цур  оппозицийы  акцийыл хъæлæба сырæзт.

Акцийы хайадисджытæ  хъусын кæнынц, цæмæй  хъавынц  перфоманс ауадзын, цæй фадат сын барадхъахъхъæнджытæ нæ дæттынц.

Уавæр  фæстæмæ  физикон  быцæудзинадмæ  айрæзтис. Акцийы  цалдæр   хайадисæгы æрцахстой.

«Пъæлицæй рох  кæны, цæмæй  хъуыды  равдысты  сæрибардзинад хъуамæ хъахъхъæна», – хъусын кæны  «Националон Змæлды» уæнг Мирдат  Камададзе.

«Националон Змæлды» минæвæрттæ  бынатыл уæвæг   Ачъарайы  пъæлицæйы  департаменты  къухдариуæггæнæг, Константине Ананиашвилимæ фæбыцæу сты.

«Мах хъахъхъæнæм сæрфад,  хъахъъхæнæм  уæ хъуыды равдысты сæрибардзинад, фæлæ   акцийы  хайадисджытæ  пъæлицæй  кордон куы  атонынц, уæд  мхм-æн, кæй зæгъын æй  хъæуы, уыдзæн æмбæлон реакци», – фехъусын кодта  Константине Ананиашвили.