Пъæлицæйæгтæ фæсарæйнаг æмбæстаджы æрцахстой, кæцы æнæзакононæй Ачъарамæ психотропон буарадтæ стыр  бæрцæй æрбаласта
Пъæлицæйæгтæ фæсарæйнаг æмбæстаджы æрцахстой, кæцы æнæзакононæй Ачъарамæ психотропон буарадтæ стыр бæрцæй æрбаласта

Ачъарайы, Батумы горæты пъæлицæйы департаменты æмæ Финансты министрады æфтиæгты службæйы таможнæйы кусджытæ æрцахстой Турчы Республикæйы æмбæстаг М.Т., 2001 азы гуырд, æнæзакъононæй Гуырдзыстонмæ уæлдай стыр бæрц психотропон буарадтæ æлхæныны, æвæрыны æмæ æрбаласты аххосагæй.

Фыдракæнды тыххæй ис ахæстоны фæбадын 13 азы онг.

Батумы æппæтдунеон аэропорты барадхъахъæнджытæ, аххосджыны къухдарæны басгæрсты фæстæ, бæлвырдгæнæнæн уæлдай стыр бæрцæй психотропон буарад «прегабалин»-ы 212 таблеткæ байстой.

Пъæлицæйæгтæ æрцахстой М.Т. куыд аххосджын.

Гуырдзыстонмæ уæлдай стыр бæрц психотропон буарады æнæзакъонæй æрбаласты, æвæрыны æмæ æрбаласты фæдыл фæдагуырд цæуы Гуырдзыстоны уголовон кодексы 261 æмæ 263 статьятæм гæсгæ.