Ачъарайæ цух, Бæрзонд æмæ профессион ахуыргæнæндæтты ахуыр 19 октябры сног уыдзæн аудиториты, сабидæттæ та скусдзысты 12 октябры
19 октябрæй, Ачъарайæ цух, алы студент æрыздæхдзæн аудиторитæм, – уый тыххæй ахуырады министр Михеил Чхенкели координацион советы рабадты фæстæ фехъусын кодта.
«19 октябрæй, университеттæ, профессион ахуыргæнæндæттæ, ахуыры процесс сног кæндзысты адуиторты. Фæнды мæ ноджы иу хатт баздæхын дзыллæмæ, иттæг нысаниуæгджын у, цæмæй лæмбынæг æххæст кæнат æнæнизхъахъхъæды сферæйы рекомендацитæ æмæ нæ сывæллæттæн, скъоладзаутæн, с туденттæн раттæм фадат, цæмæй къласты æмæ аудиториты уæвгæйæ адарддæр кæной ахуыр. Уый у этапгай.
Лыстæг кæсæм динамикæмæ. Адаптацийы процессы этаптæм гæсгæ сывзæрстам ацы датæлтæ – 12 – 19 дæр у къуырисæр. Ахуырдзауты æмæ студентты æрыздæхт класстæм æмæ адуиторитæм цæудзæн этапгай», – загъта Михеил Чхенкели.
Ахуырады министр афтæма бавнæлдта рæвдауæндæтты куыст сног кæныны фарстамæ.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ Ачъарайы регионæй цух æппæт бæстæйы масштабæй сабидæттæ куыст сног кæндзысты 12 октябрæй.
Уый ма бафтыдта, цæмæй зæгъгæ иттæг нысаниуæгджын у æнæнизхъахъхъæды сферæйы рекомендацитæ æххæст кæнын.