Ачъарайы автономон республикæйы хицауады сæрдары бынатмæ бавдыст у Тамазашвили Сулхан .
Сулхан Тамазашвилийы кандидатурæ президентон галуаны бавдыстой Гуырдзыстоны президент, Михаил Хъавелашвили æмæ премьер-министр, Ираклий Къобахидзе.
«Æз бавдыстон Уæлдæр Советмæ, цæмæй йæ сфидар кæной Ачъарайы автономон республикæйы хицауады сæрдары бынатмæ. Ацы æскъуыддзаг райстон, Ачъарайы уæллаг советмæ раразмæгонд политикон субъекттимæ консультацитæм гæсгæ æмæ Гуырдзыстоны премьер-министры æмкъухфыстмæ гæсгæ. Мидхъуыддæгты министрады, уыцы нымæцы уагдоны алы хайæдты къухдариуæггæнæг бынæтты кусгæйæ, цы хæстæ йын бахæс кодтой, уыдон æххæст кодта цæсгомджынæй æмæ æнтыстджынæй. Уый тыххæй Сулхан райста бирæнымæц аккаг хæрзиуджытæ. Барад æмæ фæтк фидардæр кæнынмæ йæ егъау хайбавæрды тыххæй йын æз æрæджы Мидхъуыддæгты министрады иннæ къухдариуæггæнджытимæ иумæ схорзæхджын кодтон Кады орденæй. Банысанкæнинаг у, цæмæй Тамазашвили Сулхан Ачъарайы районы райгуырд æмæ схъомыл ис, уымæ гæсгæ хорз зонгæ у Ачъарайы фарсимæ. Уырны мæ, Ачъарайы Автономон Республикæйы Хицауады Сæрдарæй куыд æнтыстджын уыд барадхъахъхъæнæг системæйы куысты азты, афтæ æнтыстджын кæй уыдзæн. «Мæ зæрдæ зæгъы господин Сулханæн æнтыстытæ, уымæн æмæ йæ командæйæн уыдзæн мæ æххæст фарсылхæцындзинад æмæ фарсылхæцындзинад, куыд Гуырдзыстоны президентæн» – райхъусын кодта Михаил Хъавелашвили.
Уымæй дарддæр ма, Гуырдзыстоны премьер-министр, Ираклий Къобахидзе куыд расидтис, афтæмæй Тамазашвили Сулханмæ ис алы миниуджытæ æмæ арæхстдзинад, цæмæй йæ архайд æмбæлонæй æххæст кæна.
Афтæ дæр премьер бузныг расидтис Ачъарайы хицауады раздæры сæрдар, Торнике Рижвадзейæн.
«Фыццаджы дæр мæ фæнды бузныг зæгъын Торнике Рижвадзейæн. Авд азы дæргъы, уый лæггад кодта Ачьарийы автономон республикæйæн, нæ бæстæйы ацы алкæмæй нысаниуæгджын хайæн. Ивгъуыд азты дæргъы Ачъарайæн бирæ арæзт æрцыд, нысаниуæгджын проекттæ æмæ программæтæ æххæстгонд æрцыдысты нæ бæстæйы ацы алкæмæй нысаниуæгджындæр, рæсугъд хайы райрæзтæн. Кæй зæгъын æй хъæуы, ацы куыст хъæуы аккаг адарддæр кæнын мæ фæнды цыбыр рæстæгмæ бузныг ауадзын президентæн. инг кандидаты æвзæрсты фæдыл хъуыды кæнын, цæмæй абон сымахæн бавдисдзыстæм аккаг кандидаты, Тамазашвили Сулханы, кæцы бирæ азты дæргъы куыста иттæг нысаниуæгджын структурæйы, мидхъуыдтæгты министрады. Азты дæргъы кадимæ лæггад кодта нæ паддзахадæн, нæ бæстæйæн. Уый у ацъарайаг, Ачъарайы райгуырд æмæ схъомыл, æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, Ачъарайы автономон республикæйы хицауады сæрдарæй йæ куыст тынг ахсджиаг уыдзæн. Ис æм æппæт миниуджытæ, фæлтæрддзинад, æмбæлгæ арæхстдзинæдтæ, цæмæй æмбæлон æгъдауæй разамынд дæтта Ачъарайы Автономон Республикæйы рæзтимæ баст мадзæлттæн. Нæ разы ис бирæ æртхъирæнтæ æмæ мæ уырны, цæмæй Тамазашвили Сулхан сеппæтæй хуыздæр сæххæст кæндзæн ацы æртхъирæнтæ. «Фæнды мæ уын зæгъон æнтыстытæ Ачъарайы хицауады сæрдары бынатæй», – расидтис премьер-министр.
Тамазашвили Сулхан куыд расидтис, афтæмæй йын уыдзæн фадат паддзахадон службæйы йæ бирæазон фæлтæрддзинадæй спайда кæна адæмæн æмæ республикæйæн пайдайæн.
“Бузныг уын зæгъын, господин премьер-министр, господин президент, уæ æууæнчы тыххæй. Уый у бæрндзинад, æмæ уыцы бæрндзинад ноджы фæкарздæр вæййы уымæй, æмæ æз дæн раст ацы регионы сывæллон. Æз райгуырдтæн æмæ схъомыл дæн Ачъарайы. Кæд исты хорз хъуыды кæнын, уæд уый баст у ацы азтимæ. Мæнæн уыдзæн фадат мæ бирæазон паддзахадон службæйы фæлтæрддзинадæй спайда кæнын мæ адæмæн æмæ мæ республикæйæн”, — загъта Тамазашвили Сулхан.
Торнике Рижвадзе абон Ачъарайы хицауады сæрдары постæй йæхи систа.