Абонæй, дыууæ мæйы дæргъы, бæстæйы масштабæй цæудзæн интенсивон басгæрсты программæ, боны мидæг 20 мин тест сырæздзæн
Æхсæнуагдонон координацион советы дыууæ мæййон планы фæлгæтты, абонæй, дыууæ мæйы дæргъы, фыццаг февралы онг периоды, бæстæйы масштабæй архайдзæн интенсивон басгæрсты программæ, – уый фæдыл æхсæнуагдонон координацион советимæ архайæг оперативон штабы хистæры хæдивæг Бердиа Сичъинава, советы рабадты фæстæ хицауады администрацийы лæвæрд брифингыл райхъусын кодта.
Афтæма йæ ныхзæстæм гæсгæ, зæгъгæ паддзахад иу боны мидæг 20 мины онг тест сараздзæн, кæцымæ афтæдæр бамхас уыдзæн хицæн лабораториты æмæ клиникæты уагъд тесттæ.
«Сæрмагондæй уæрæхдæр кæны антигеныл æнцойæвæрд цырд тесттæй архайын, кæцыйы дзуапп райсын гæнæн уыдзæн басгæрстæй 20 минутмæ. Фæнысангондæн йæ нысан у инфицирады цауты цырд рабæрæг кæнын, кæцы йæ хуъыдыйы дары рог æмæ къаддæр уæззау цауты хиизоляцимæ ахизын, хъусдардхъæугæ цауты ковид-фысымуаттæм арвитын æмæ критикон цауты госпитализаци. Ацы нысанæн, дыууæ мæйы дæргъы æрцæудзæн алы æмбæлгæ уагдоны баиу æмæ тесттæй басгæрсты ауæрæх кæнын, цауты максималонæй рабæрæг кæныны æмæ фæрынчынуæвджыты изоляцийы нысанæн», – райхъусын кодта Сичъинава.