Абон 23:30 сахатыл, Цыппурсы бæрæгбонмæ, «Моамбейы» специалон рауагъд
24-æм декабры 23:30 сахатыл Фыццаг Къаналыл «Моамбе» специалон рауагъдæй ацæудзæн эфиры, кæцы нывонд уыдзæн Цыппурсы бæрæгбонмæ.
Специалон рауагъды «Моамбейы» акæнджытæ æмæ журналисттæ Гуырдзыстоны архайæг алы конфессийы аргъуаны цæугæ бæрæгбойнон Хуыцаумæ скуывдмæ ссиу уыдзысты.
Фыццаг Къаналы исæг къордтæ кусдзысты Католикон аргъуаны Мады Майрæмы уæларвмæ скæныны номыл кафедралон аргъуаны, Евангелион дины аргъуаны, Евангелистон-баптистон аргъуаны.
Æхсæнадæмон Уацхæссæджы журналисттæ срухс кæндзысты цыппурсон литурги ахæм конфесситæй: Евангелион аргъуан-Царды ныхас, Сыгъдæг Самебайы протестантон аргъуан, Евангелион-лютеранон аргъуан, ассириаг-халдейон католикон аргъуан, Гуырдзыстоны евангелион чырыстон-баптистты аргъуан.
Фыццаг Къанал Цыппурс раарфæ кæндзæн Гуырдзыстоны уыцы æмбæстæгтæн, кæцытæ 25 декабры бæрæгбон кæнынц Цыппурс.