Абон 23:30 сахатыл, Цыппурсы бæрæгбонмæ, «Моамбейы» специалон рауагъд

24-æм декабры  23:30 сахатыл  Фыццаг Къаналыл  «Моамбе»  специалон   рауагъдæй  ацæудзæн  эфиры,  кæцы  нывонд уыдзæн Цыппурсы бæрæгбонмæ.

Специалон  рауагъды  «Моамбейы» акæнджытæ  æмæ  журналисттæ   Гуырдзыстоны   архайæг алы  конфессийы  аргъуаны  цæугæ  бæрæгбойнон  Хуыцаумæ скуывдмæ  ссиу уыдзысты.

Фыццаг  Къаналы  исæг  къордтæ   кусдзысты  Католикон аргъуаны  Мады Майрæмы уæларвмæ скæныны  номыл кафедралон  аргъуаны,  Евангелион дины  аргъуаны, Евангелистон-баптистон  аргъуаны.

Æхсæнадæмон Уацхæссæджы   журналисттæ   срухс кæндзысты  цыппурсон литурги  ахæм конфесситæй:  Евангелион аргъуан-Царды ныхас,  Сыгъдæг  Самебайы  протестантон  аргъуан, Евангелион-лютеранон   аргъуан,   ассириаг-халдейон католикон аргъуан, Гуырдзыстоны   евангелион  чырыстон-баптистты  аргъуан.

Фыццаг Къанал   Цыппурс раарфæ кæндзæн  Гуырдзыстоны уыцы  æмбæстæгтæн,   кæцытæ  25 декабры бæрæгбон кæнынц  Цыппурс.