85   гуырдзиаг  зынгхуыссынгæнæг-ирвæзынгæнæг, ротацийы нысанæн, Турчы  горæт Адиаманмæ араст ис
85 гуырдзиаг зынгхуыссынгæнæг-ирвæзынгæнæг, ротацийы нысанæн, Турчы горæт Адиаманмæ араст ис

Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министрады  уæлвæтк уавæрты куысты  85  зынгвæдисон-ирвæзынгæнæг, ротацийы нысанæн, Турчы  Республикæйы  горæт  Адиаманмæ  араст сты.

Уæлвæтк уавæрты фæдыл  куысты   хъусинагæй,  гуырдзиаг зынгвæдисон-ирвæзынгæнджыты  ног бал  уыцы  ирвæзынгæнджыты фæивдзæн, кæцытæ  ацы  афонмæ   æххæст кæнынц   зæххæнкъуысты  фæстиуджыты лиеквидацион  æмæ  ирвæзынгæнæн мадзæлттæ.   Куыст дарддæр кæнынц  бынатыл  архайæг  штабы къухдариуæггæнджытæ æмæ  специализгонд  ирвæзынгæнджытæ.

Гуырзиаг ирвæзынгæнæг  бал горæт Адиаманы ирвæзынгæнæн  операци дыууæ секторы   æххæст кæны. Бынатыл   арызт  быдырон  штаб  Адиаманы    операцион фæткдæттынады   центримæ координацигондæй  кусы.

«Гуырдзиаг ирвæзынгæнджыты ног бал  комплектгонд у  зæххæнкъуысты  фæстиуджыты ликвидацион   æмæ ирвæзынгæнæн  мадзæлттæ  сыххæсты æрдгæй  ахуыргонд  зынгвæдисон-ирвæзынгæнджытæй.

Ирвæзынгæнæг  къорд  ифтонгггонд у   нырыккон акустикон  фæрæзтæй, дронтæй,  бастдзинады  хæдтулгæйæ æмæ алы хуызы  æмбæлгæ  специалон   ирвæзынгæнæн  аппаратурæйæ.

Гуырдзиаг ирвæзынгæнджытæ,  ирвæзынгæнæн мадзæлтты  координаци кæны  уæлвæтк уавæрты   фæткдæттæг   куысты   къухдариуæггæнæг   Теймураз  Мгъебришвили .

Турчы  Республикæйы  зæххæнъкуысты фæстиуджыты  ликвидацион   æмæ ирвæзынгæнæн   мадзæлттæм   ирвæзынгæнæг  къорд Гуырдзыстоны премьер-министры  уынаффæйæ  уæвы», –   банысангонд у  уæлвæтк уавæрты фæдыл куысты    информацийы.