8-9  апрелы  Тбилисы уæвæг  уæлмæрдтæм  бацæуæн фæндæгтыл  бæрæг арæнвæрдтæ  архайдзысты
8-9 апрелы Тбилисы уæвæг уæлмæрдтæм бацæуæн фæндæгтыл бæрæг арæнвæрдтæ архайдзысты

8-9 апрелы,  Куадзæны   бæрæгбонмæ гæсгæ,  æхсæнадон  уагæвæрды хъахъхъæды,   транспорты  æенæкъуылымпыйæ æмæ æдас змæлды  срæвдз кæнын нысанæй,   Тбилисы   уæвæг  уæлмæрдтæм  фæндæгтыл  бæрæг арæнвæрæдтæ  снысан сты –  уый  фæдыл информацийы  мидхъуыддæгты министрады патрулон полицийы  департамент парахат кæны.

«Сабурталойы, Къукъиайы,  Мухатгвердийы  æмæ Тбилисы  Денджызы уæлмæрдты æрдæм, автомобильтæ  ахæм маршрутæйч змæлдзысты:  Сабурталойы   уæлмæрдмæ  бацæуæн уыдзæн  Важа Пшавелайы  проспектæй  Сандро Эулийы  уынгы  æмæ   университеты уылты.  Уæлмæрды  территорийæ та  автомобильтæ  рацæудзысьы  Университеты  уынгы, Тамарашвилийы  уынгы æрдæм цæугæйæ.

Къукъиайы   уæлмæрдтæм  бацæуæн уыдзæн   Читаиайы  фæзæй,  Нориойы  хæрды   æмæ   Мамардашвилйиы   уынгы  уылты.  Уæлмæрдты территорийæ рацæуæн уыдзæн  Цаишы,  Квалонийы,  Абашидзейы  æмæ  9 æфсымæры   уынгты уылты.

Мухатгвердийы  уæлмæрды æрдæм  автомобильтыл  бацæуæн уыдзæн   Давит  Агъмашенебелийы  аллейы, Парнаваз  Мепейы   проспекты уылты.

Тбилисы  Денджызы  уæлмæрдты  æрдæм  автомобильтæн  змæлды бар уыдзæн  Худадовы  æмæ Анапийы Дивизийы  уынгты, АфтæдæрТемкайы  æрдгæй.  Уæлмæрдæй рацæуæн уыдзæн  Мухраны, Бежанишвилийы  æмæ   Худадовы уынгты  уылты.

Æхсæнадон транспорт  дæр уæлмæрдты æрдæм  змæлдзæн  ахæм маршрутæй» – банысангонд у,  МХМ-ы  хъусинаджы.