Гуырдзыстон йæхи цæттæ кæны йæ фыццаг ахсджиаг хæс сæххæст кæнынмæ, кæцы Европæйы Советы сæрдариуæгдзинад дары йæ хъуыдыйы
Мæ хъуыдымæ гæсгæ, алцыппæт тынг хорз цæуы æмæ Гуырдзыстон цæттæ кæны йæхи, йæ фыццаг ахсджиаг хæс сæххæст кæнынмæ, кæцы Европæйы Советы комитеты сæрдариуæг дары йæ хъуыдыйы – уый фæдыл Европæйы Советы генералон нымæрдар Мария Пейнчинович-Бурич Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Давит Залкалианиимæ иумæ арызт брифингыл райхъусын кодта.
Еворпæйы Советы генералон нымæдар куыд банысан кодта афтæмæй, Гуырдзыстонмæ йæ фыццаг визит фемдзыд ис дыууæ нысаниуæгджын датæимæ, фыццаг у – Европæйы Советы бындурæвæрды 70-æм юилей, дыккаг – Гуырдзыстон ацы аз, ацы организацийы уæвыны 20 азы юбилей снысан кæндзæн.
«Ацы организацийы нысан у, уæнг бæстæты иудзинад химæ æруадзын æмæ сабырад æрфидар кæнын бæрзонд стандартты фæрцы, адæймаджы барты, демократийы сферæйы æмæ закъоны сæйрагдзинады æрдгæй. Гуырдзыстон ацы аз ацы организацийы уæвыны 20 азы юбилей нысан кæны. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, алцыппæт хорз цæуы æмæ Гуырдзыстон йæхи цæттæ кæны фыццаг нысаниуæгджын хæс сæххæст кæнынмæ, кæцы баст у Европæйы Советы сæрдариуæгимæ баст. Мæ визиты сæйраг нысан у, Гуырдзыстоны сæрдариуæгмæ æрцæттæ кæнын Европæйы Советы министрты комитеты æмæ ацы æмгъуыд 27 ноябрæй райдайдзæн. Фæнды мæ бузныг зæгъын министрæн диссаджы фысымдзинады тыххæй æмæ уыцы бацæттæгæнæн амæлтты тыххæй кæцытæ Гуырдзыстон сыххæст кодта» – райхъусын кодта Мария Пейнчинович-Бурич.
Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, Европæйы Совет Гуырдзыстонæн алы ахсджиаг фарстатæ кæсы, сæ нымæцы ситуаци оккупацигонд территоритыл.
«Министр куыд райхъусын кодта афтæмæй, махмæ алы æхсæз мæйы иу хатт вæййы консолидацигонд хыгъдлæвæрдтæ оккупацигонд территориты фæдыл æмæ ацы æрдгæй ситуацийы мониторинг дардæдр кæнæм. Афтæдæр мæ фæнды мæстдзинад равдисын æдасдзинады æрдгæй иуæй-иу фарстамæ гæсгæ æмæ ацы территоритыл уæвæг гуманитарон уавæры тыххæй. Ныфс мæ ис цæмæй консолидацигонд хыгъдлæвæрды каст ахъаз уыдзæн ситуацийы æрсабырæн æмæ баххуыс уыдзæн ацы ситуацийы сабырадон амæлттæй аскуыддзагæн. Уый иттæг нысаниуæгджын у Гуырдзыстонæн æмæ Европæйæн дæр» – райхъусын кодта Мария Пенчинович-Бурич.
27 ноябрæй Гуырдзыстон суыдзæн Европæйы Советы сæрдар бæстæйæ, æхсæз мæйы æмгъуыдæй.