Гуырдзыстон йæхи цæттæ  кæны йæ фыццаг ахсджиаг хæс  сæххæст кæнынмæ, кæцы Европæйы Советы сæрдариуæгдзинад дары йæ хъуыдыйы
Гуырдзыстон йæхи цæттæ кæны йæ фыццаг ахсджиаг хæс сæххæст кæнынмæ, кæцы Европæйы Советы сæрдариуæгдзинад дары йæ хъуыдыйы

Мæ  хъуыдымæ гæсгæ,  алцыппæт тынг  хорз  цæуы  æмæ Гуырдзыстон  цæттæ   кæны йæхи, йæ  фыццаг ахсджиаг хæс  сæххæст кæнынмæ,  кæцы  Европæйы  Советы   комитеты   сæрдариуæг дары  йæ  хъуыдыйы – уый фæдыл   Европæйы  Советы   генералон  нымæрдар   Мария Пейнчинович-Бурич  Гуырдзыстоны  фæсарæн хъуыддæгты  министр Давит Залкалианиимæ  иумæ арызт брифингыл   райхъусын кодта.

Еворпæйы  Советы   генералон   нымæдар куыд банысан кодта  афтæмæй,   Гуырдзыстонмæ  йæ фыццаг визит   фемдзыд ис  дыууæ   нысаниуæгджын датæимæ,    фыццаг  у –   Европæйы Советы  бындурæвæрды  70-æм юилей,  дыккаг –   Гуырдзыстон  ацы  аз,   ацы  организацийы  уæвыны  20   азы  юбилей  снысан кæндзæн.

«Ацы организацийы  нысан у,  уæнг бæстæты иудзинад химæ æруадзын æмæ  сабырад  æрфидар  кæнын   бæрзонд  стандартты  фæрцы,  адæймаджы барты,   демократийы  сферæйы  æмæ  закъоны сæйрагдзинады æрдгæй.  Гуырдзыстон ацы  аз  ацы организацийы  уæвыны  20   азы   юбилей   нысан кæны.   Мæ  хъуыдымæ гæсгæ,   алцыппæт  хорз  цæуы æмæ   Гуырдзыстон йæхи цæттæ  кæны  фыццаг нысаниуæгджын  хæс  сæххæст кæнынмæ,  кæцы баст у  Европæйы  Советы  сæрдариуæгимæ баст.   Мæ  визиты   сæйраг нысан у,    Гуырдзыстоны  сæрдариуæгмæ  æрцæттæ  кæнын   Европæйы  Советы министрты   комитеты  æмæ    ацы  æмгъуыд  27  ноябрæй райдайдзæн.   Фæнды   мæ  бузныг зæгъын    министрæн  диссаджы  фысымдзинады  тыххæй  æмæ  уыцы  бацæттæгæнæн амæлтты  тыххæй  кæцытæ Гуырдзыстон  сыххæст кодта» – райхъусын   кодта Мария Пейнчинович-Бурич.

Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ,   Европæйы  Совет  Гуырдзыстонæн  алы  ахсджиаг фарстатæ  кæсы,  сæ  нымæцы   ситуаци  оккупацигонд территоритыл.

«Министр куыд райхъусын кодта афтæмæй,   махмæ  алы   æхсæз мæйы   иу   хатт  вæййы  консолидацигонд  хыгъдлæвæрдтæ  оккупацигонд территориты фæдыл æмæ  ацы æрдгæй    ситуацийы мониторинг  дардæдр кæнæм.  Афтæдæр мæ   фæнды  мæстдзинад равдисын  æдасдзинады  æрдгæй   иуæй-иу  фарстамæ гæсгæ æмæ   ацы  территоритыл уæвæг   гуманитарон   уавæры  тыххæй.   Ныфс мæ  ис  цæмæй  консолидацигонд   хыгъдлæвæрды   каст   ахъаз  уыдзæн    ситуацийы  æрсабырæн  æмæ баххуыс  уыдзæн   ацы ситуацийы   сабырадон амæлттæй   аскуыддзагæн.   Уый  иттæг  нысаниуæгджын у  Гуырдзыстонæн æмæ  Европæйæн дæр» –  райхъусын кодта Мария Пенчинович-Бурич.

27 ноябрæй Гуырдзыстон суыдзæн Европæйы Советы сæрдар бæстæйæ, æхсæз мæйы æмгъуыдæй.