Евросоветы  иртасæн – Æфхæрдæххæстгæнæг уагдæтты  Гуырдзыстонæн,  астæуевропаг  стандарттæй   хуыздæр уавæр ис
Евросоветы иртасæн – Æфхæрдæххæстгæнæг уагдæтты Гуырдзыстонæн, астæуевропаг стандарттæй хуыздæр уавæр ис

Астæуккаг Европæйаг  стандарттæм гæсгæ,  Гуырдзыстонæн ис  сеппæтæй   хуыздæр бæрæггæнæнтæ  æфхæрдæххæстгæнæг  уагдæтты  æрдæгй,  –  уый фæдыл   дзырдæуы,   Лозаннайы  университеты  хыгъдлæвæрды, кæцы æрцæттæ ис  Европæйы  Советæн.

Документы  мидæг банысангонд у, цæмæй Гуырдзыстоны  2017 азæй  2018 азы  январы  периоды, 100 000 æмбæстагæй,   Гуырдзыстоны  252  сты ахæст.  Ацы уынинаг  у  астæуевпаг  стандартæй  бæрзонддæр.

Иртасæнмæ гæсгæ ахстгондты, æмбæстæгты  нымæцимæ абаргæйæ,  Гуырдзыстонæй  бæрзонддæр лæууы  æрмсæст Уæрæсе, кæцыйы дæр  100 000  æмбæстагæй  418  сты ахæст. Æртыккаг бынат ахсы Азербайджан,   кæцыйы  фæдыл цæуынц  Литвæ æмæ Молдовæ.

Документы  афтæдæр банысангонд у, цæмæй  2008  -2018 азты, Гуырдзыстоны  ахæстты  нымæц  фæкъаддæр ис  43%. Дæнцæн  2008 азы  ахæстæтты   уыдысты  445 адæймаг  фæйнæ 100 000  æмбæстагæй,  æмæ  ахæстты нымæц   иугæндзонæй рæзтис  2012 азы онг.  2012  азы  100 000   æмбæстагæй  516  уыдысты   ахæсттæ, æрмæст 2013 азы та – 219.

Хыгъдлæвæрдмæ гæсгæ,  пенитенцион  уагдæтты  Гуырдзыстоны  ситуаци  алы  æндæр  бæрæггæнæнтæй,   æмбæлон у Европæйаг стандарттæм.   Ацы æрдгæй   Гуырдзыстон йæ  фæстæ фæуагъта   европæйаг стандарттæ   ахæм   уынинæгтæй:  ахæсты уæвыны  астæуукаг  æмгъуыд,   хæстонæй  алидзын,  химарындзинæдты нымæц,  ссæрибаргонд  ахæстты  нымæц æмæ   ахæстæтты бынæтты  нымæц ( цæмæй  цас  фырдзаг сты ахæстæттæ).