Европæйы  Советы парламентон ассамблейы   мониторингы  комитеты  уæнгтæ абон парламенты  фембæлдтæ уадздзысты
Европæйы Советы парламентон ассамблейы мониторингы комитеты уæнгтæ абон парламенты фембæлдтæ уадздзысты

Абон Гуырдзыстоны Европæйы  Советы парламентон ассамблейы   мониторингы  комитеты  уæнгты   визит райдыдта. Делегацийы  сконды сты Титус Корлатеану(Румыни, «Социалистты» корд), Клод Керни «Франц, «Либералты æмæ  демократты альянс Европæйæн секретариат), Бас Клейн (Нымæрдарады хистæры хæдивæг Европæйы Советы мониторингы комитет).

Комитеты уæнгтæ фыццаг фембæлд ауагъдтой   Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Каха Кучъаваимæ. Афтæма  боны  дæргъы  фембæлдтæ плангонд сты  Европæйы  Советы  парламентон ассамблейы  Гуырдзыстоны делегацийы  уæнгтимæ æмæ  юридикон фарстæты  комитеты  сæрдар Анри Оханашвилиимæ.

Европæйы Советы парламентон ассамблейы мониторингы  комитеты  уæнгты  официалон визит дыууæбонон у. Уыдон 3 июны  фембæлдзысты  парламентон оппозицийы минæвæрттимæ.