18 ноябры, интерпелляцийы уагмæ æмбæлгæйæ, байхъусдзысты Ираклий Гъарибашвилимæ, Илиа Дарчиашвилимæ æмæ Михеил Чхенкелимæ
18 ноябры Гуырдзыстоны парламенты пленарон рабадтыл, интерпелляцийы уагæй байхъусдзысты премьер-министр Ираклий Гъарибашвилимæ, фæсарæн хъуыддæгты министр Илиа Дарчиашвилимæ æмæ ахуырады æмæ зонæдты министр Михеил Чхенкелимæ.
Уый фæдыл парламенты бюройы абоны рабадтыл парламенты сæрдар Шалва Папуашвили райхъусын кодта.
«12:00 сахатыл уыдзæн премьер-министры ралæуд, фæсарæн хъуыддæгты æмæ ахуырады министртæ. Æнхъæл дæн, цæмæй 12:00 сахатæй, 15:00 сахатмæ, улæфты онг нын уыдзæн премьер-министры интерпелляци. Улæфты фæстæ та, байхъусдзыстæм фæсарæн хъуддæгты министртæм æмæ ахуырады министрмæ», – райхъусын кодта Шалва Папуашвили.