18 мартæй  ивар кæны  Гуырдзыстонмæ фæсарæйнаг бæстæты æмбæстæгты  æрцыд
18 мартæй ивар кæны Гуырдзыстонмæ фæсарæйнаг бæстæты æмбæстæгты æрцыд

18 мартæй Гуырдзыстонмæ  фæсарæйнаг  бæстæйы  æмбæстæгты  æрбацыд иваргонд уыдзæн.  –  уый фæдыл   премьер-министры  уынаффæгæнæг  æхсæнадæмон ахастыты  фарстаты Ираклий Чиковани  райхъусын кодта.

Ираклий Чиковани  хицауады  администрацийы   куыд райхъусын кодта, афтæмæй,   бæстæмæ æрыздæхын  сæ бон  уыдзæн Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн.

«Иннæ дыууæ къуырийы  дæргъы,   кæнæ та  сом  18 марты 00:00  сахатыл, ивар кæны   Гуырдзыстоны паддзахадон арæныл  рахызт  фæсарæйнаг   бæстæты  æмбæстæгтæн.  Куыд æй зонут,  афтææй,   премьер-министры  барамындæй, Зураб  Абашидзе  йæ  уынаффæгæнæг,  аныхас кодта Уæрæсейы  минæвæрттимæ   æмæ   Уæрæсемæ гæсгæ  ацы  арæнæвæрд рагæй  фæстæмæ  архайы.   Уымæй уæлдай ма, Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн,  кæцытæн уыдзæн  фæндон  Гуырдзыстонмæ  æрыздæхын,   сæ бон у  спайда кæной  уыцы авиа-змæлдæй,  кæцыйы æххæст кæны  Гуырдзыстоны  авиахаххытæ  æмæ  уын ардæмадты  тыххæй  та лæмбынæг  радзурдзæн  фæсарæн хъуыддæгты министр.  Уыцы  æмбæстæгтæн,  кæцытæ   æмбæстæгты  бинонты  уæнгтæ сты,  сæ бон у  Гуырдзыстонмæ æрцæуын», –  райхъусын кодта  Ираклий Чиковани.