18 бонон уацарад фæцис - Тайланды лæгæтæй сывæллæтты се ппæт дæр ракодтой
Тайланды цæугæ ирвæзныгæнæн операцийы рæстæджы, лæгæты баззайгæ дыууадæсæм сывæллоны дæр ракодтой. Уый фæдыл агентад «Ройтер» хъусын кæны.
Ацы рæстæгмæ алы сывæллон сæрибар сты. Афтæма лæгæтæй ракодтой сæ тренеры дæр.
Тайланды лæгтæй ракæнгæ сывæллæтты рынчындоны иу къуырийы бæрц арвитдзысты. Ахæлиугонд информацийæ, сæ дыууæмæ фæбæрæг ис пневмонийы нысæнттæ, дохтыртæ сын антибиотиктæй хос кæнынц. Æнæнмизхъахъъæды министрады информацийæ, сывæллæттæн тугы анализ систой æмæ гæнæн ис инфекцитыл сгæрст ауадзын. Дохтыртæ дзурынц, цæмæй лæппутæ сæхи дзæбæх хатынц.
11-æй 16 азы онг кары 12 æнахъомы æмæ сæ 25 аздзыд тренер, 23 июны фæтар сты. Уыдон Тайланды цæгаты уæвæг Тхам Луангы лæгæтмæ бахызтысты, æнæнæхъæлæджы тæркъæвда рауарыд, лæгæт донæй байдзаг æмæ къорд лæгæтæй æддæмæ рацæуын нал бахъом ис. Æрбайсæфтуæвлджыты фараст боны фæстæ лæгæты мидæг бацæуæнæй цыппар километры дæрццæг ссардтой.