10 ларийы номиналы ног банкнотæтæ, зилдухмæ уагъд æрцæудзысты фыццаг октябрæй
1-æм октябрæй зилдухмæ уагъд æрцæудзысты ранæуæггонд банкнотæтæ 10 ларийы номиналæй. Ног купюрæты зилдух æххæст цæудзæн зæронд купюрæтим æиумæ.
Ранæуæггонд купюрæйы раззаг фарс æвдист у поэт æмæ æхсæнадон архайæг Акакий Цъеретели, афтæдæр йыл ис скуыддзаг йæ æмдзæвгæйæ (Уалдзæг», авторы автографимæ иумæ. Банкнотæйы иннæ фарс – æвдыст у нывгæнæг æмæ графикæйæ архайæг Давит Къакъабадзейы номдзыд сурæт – «Имерети – Мæ Мад».