Уæрæсейы Думайы йæ фарс рахæцыдысты медиафæрæзты «фæсарæнаг бæстæйы агентыл» банымады фæдыл закъонæн
Уæрæсейы Думайы  йæ фарс рахæцыдысты медиафæрæзты «фæсарæнаг бæстæйы агентыл» банымады  фæдыл закъонæн

Уæрæсейы  паддзахадон думæ йæ фарс  рахæцыд  медиа-фæрæзты  «æндæр бæстæты  агенттыл» банымады  фæдыл  закъонæн.  Ацы статус медиакомпанимæ уыцы цауы æрцæудзæн лæвæрд,   кæд уый  финансдзинад исы фæсарæнтæй.  Закъондæттæн иницитивæйæн йæ фарс уырыссаг депутаттæ æмхъæлæсонæй рахæцыдысты.

Закъоны ис æмбарынгæнæн, цæмæй  «медиаффæрæзы» «æндæр бæстæйы агентæй» регистрацийы ауадзын  уыцы цауы æрцæудзæн,  кæд æмæ компани  хца исы  кæнæ æндæр мулкъы фæсарæнтæй, кæнæ  уыцы бæстæты  органтæй,  æхсæнадлæмон æмæ фæсарæйнаг организацитæй,  фæсарæйнаг  æмбæстагæй  кæнæ ахæм уæнгтæй кæцытæ æмбæстæгтæ не сты  æмæ сæ  официалон  минæвæрттæ»- банысангонд у  закъоны мидæг.

Уæдмæ та  Уæрæсейы,  «фæсарæйнаг агенттæй»  регистрацийы уагъд цыдысты æнæхицауадон организацитæ.

Закъоны  ивындзинæдтæ æмæ  сæ  медиафæрæзты фæрцы ахæлиу, Уæрæсейы  парламенты дæллаг палатæйы  уый фæстæ аскуыддзаг кодтой, АИШ_ы хицауад «Фæсарæйнаг бæстæйы агентæй»   регистрацийы куы æркуырдта  уырыссаг телекомпани  «Russia Today»йæ.

13 ноябры  телеканал  АИШ-ы  юстицийы министрады дæлбар баис.