Премьер фидиуæны сом сараздзæн -  цахæм ивдтытæ  уыдзæн Гуырдзыстоны хицауады
Премьер фидиуæны сом сараздзæн - цахæм ивдтытæ уыдзæн Гуырдзыстоны хицауады

Гуырдзыстоны  хицауады  масштабон струцктурон  æмæ кадрон ивдтытæ план кæнынц. Уый фæдыл  фидиуæны Гуырдзыстоны премьер-министр   Гиорги Квирикашвили сом сараздзæн.

Фыццаг Каналы информацийæ,   плангонд у цалдæр министрады баиу кæнын.  Сæрмагондæй та 18-ы бæсты ма  баззайдзæн 13 министрад.  Европаг æмæ Евроатлантикон структурæтæм интеграцийы  фарстыты  паддзахадон министры  аппарат  баиу уыдзæн   фæсарæн хъуыддæгты министрадимæ.

Æнхъæлмæ кæсинаг ивдытæм гæсгæйæ,  энергетикæйы министрад баиу уыдзæн  экономикуæйы министрадимæ,  æрдзы хъахъъæды   æмæ æрдзон ресурсыты  министрад та  экономикæйы æмæ  хъæууон хæдзарады министрадтыл адих уыдзæн,  порты æмæ æрыгонон хъуыддæгты  министрад ивд цæуы æмæ  йæ иу хай ахиздзæн культурæйы мнистрадмæ, инæ та  ахуырады министрадмæ.

Уымæй уæлдай,  Гуырдзыстоны  плангонд  структурон  æмæ кадрон ивдтыты  фæлгæтты  гæнæн ис фæмацы уа паддзахадон æдадзсинады æмæ   кризисты фæткъдар совет.

Афтæма, хицауады ивындзинæдты параллелонæй, гæнæн ис   бындурæвæрд æрцæуа   хæдбар фæдæвзарæг уагдон.  Уæвæг информацийæ, дзырдæуы  хæдбар  фæдæвзарæг механизмы саразыныл,  кæцы равзардзæн куыд æмбæлон сты барадмæ, барадхъахъъхæнджыты архæйдтытæ.

Цыдæриддæр та министртæм æххæссы, Фыццаг Каналы  информацийæ,  Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты мнистрæй  гæнæн ис  снысан уа  Гиорги Гахариа.  Уый ацы бынаты фæивдзæн  архайæг  министры  Гиорги Мгъебришвилийы.

Экономикæйы министрæй  гæнæн ис снысан уа  финансты министр Димитри Кумсишвили. Кумсишвили уыдзæн  фыццаг вице-прмьер  æмæ  экономикон блокъы  координацигæнæг.

Афтæма  хицауады ног сконды разындзысты дыууæ ног министры.  Хæлиу кæны информаци  ахуырады  министр Александре Джеджелавайы  ивды фæдыл дæр.