Хицауад Азийы Райрæзты Банкы  æрвылазон  фембæлдмæ бацæттæгæнæн  фарстатæ æркастис
Хицауад Азийы Райрæзты Банкы æрвылазон фембæлдмæ бацæттæгæнæн фарстатæ æркастис

Гуырдзыстоны   хицауад  Азийы  Райрæзты  Банкы (ADB) 57-æм   æрвылазон  фембæлдмæ  бацæттæгæнæн   фарстатæ  æркастис, кæцыйæн Тбилис  2-5 майы  сфысым кæндзæн.

Мадзалы   организацидзинады  нысанæй  арызт   хицауадон  комиссийы  рабадтыл, кæцы  хицауады администрацийы  ацыд, бахахх ис  ADB-ы 57-æм  æрвылазон  фембæлды  æнтыстджынæй ауадзыны  нысаниуæг.

Банысан ис, цæмæй масштабон  форумæн фысымдзинад йæ къух сараздзæн Гуырдзыстоны инвестицион   æмæ туристон   фадæтты   размæ  рахæцынæн.

Хицауады уæнгтæ   фæуынаффæ кодтой   бацæттæгæнæн  куыстыты  цыдыл,  кæцы  планмæ  æмбæлгæйæ  цæуы.

ADB-ы æрвылазон  фембæлды 68 бæстæйы  4000-ы    делегат райсдзæн   хайад.

 Информаци хъусын кæны   Гуырдзыстоны  хицауады  администраци.