Мæскуыйы центры 250-йæ фылдæр адæймагы æрцахстой. Уыдоны азымджын кæнынц æхсæнадон фæткъæвæрд састы.
Дзырдæуы оппозиционер Вячеслав Мальцевы фарсхæцджытыл, кæцытæм абон Уæрæсейы сæйраг сахары плангонд уыд акци саразын.
Полицийы куыд загътой афтæмæй, æдæппæт ахст сты 263 уæнгы. Уыдоны æндæр æмæ æндæр хайадмæ аластой. Сæ нымæцы ис æнахъомтæ дæр.
Полици афтæдæр æрцахста «Эхо Москвы»-йы журналисты Андрей Ежовы,фæлæ фæстæдæр уый ссæрибар кодтой.
Бакой уын кæндзыстæм, цæмæй 3 ноябры Уæрæсейы Фелералон æдадсзинады куыст æрцахста Мальцевы цалдæр фарсхæцæгы. Барадхъаххъæнджытæ куыд бæлвырд кæнынц афтæмæй, уыдон 5 ноябрмæ плангонд акцийыл хъавыдысты полициæгтыл бырст сæххæст кæнын.
Мальцевы змæлд номхуындæй «Артподготовка» октябры кæрон Красноярскъы тæрхондон экстремистон организацийыл банымадта.
Йæхæдæг Мальцев Уæрæсейæ ацыд.