Мæскуыйы центры 250-йæ фылдæр адæймаг æрцахстой
Мæскуыйы центры 250-йæ фылдæр адæймаг æрцахстой

Мæскуыйы  центры 250-йæ фылдæр адæймагы  æрцахстой.   Уыдоны  азымджын кæнынц   æхсæнадон фæткъæвæрд састы.

Дзырдæуы   оппозиционер  Вячеслав  Мальцевы  фарсхæцджытыл, кæцытæм абон Уæрæсейы  сæйраг сахары   плангонд уыд акци саразын.

Полицийы куыд  загътой афтæмæй,   æдæппæт ахст сты 263  уæнгы.   Уыдоны  æндæр æмæ æндæр   хайадмæ аластой. Сæ  нымæцы   ис æнахъомтæ дæр.

Полици афтæдæр æрцахста «Эхо Москвы»-йы  журналисты   Андрей Ежовы,фæлæ фæстæдæр уый ссæрибар кодтой.

Бакой уын кæндзыстæм, цæмæй  3  ноябры  Уæрæсейы  Фелералон  æдадсзинады  куыст  æрцахста Мальцевы  цалдæр фарсхæцæгы.  Барадхъаххъæнджытæ  куыд бæлвырд кæнынц афтæмæй,    уыдон 5 ноябрмæ плангонд   акцийыл  хъавыдысты  полициæгтыл   бырст сæххæст кæнын.

Мальцевы змæлд   номхуындæй  «Артподготовка»   октябры  кæрон  Красноярскъы тæрхондон  экстремистон организацийыл банымадта.

Йæхæдæг Мальцев  Уæрæсейæ ацыд.