Коммуникациты националон камис æмæ Æхсæнадон Телеуынынад хæсджын суыдзысты, медиа-ахуырдзинады райтынг баахъаз кæной
Гуырдзыстоны коммуникациты националон камисы функцитæм ма æфтыд цæуы, медиаахуырдзинады райтынгы баахъаз кæныны хæслæвæрд.
Æмбæлон ивындзинæдтæ – Уацхæссынады фæдыл закъонмæ цæуынц, кæцы парламенты ахуырады комитет закъондæттæн пакеты хуызæй бавдыста.
Ивындзинæдтæм гæсгæ, Европаг практикæйы зæрдылдаргæйæ, медиа-ахуырдзинады сферæйы камисы æххæстбартæ фæбæрæг уыдзысты. Сæрмагондæй та, проектæй камис, йæ компетенцийы фæлгæтты, медиа ахуырдзинады райтынгы ахъаззаг архайадон планы бакусдзæн æмæ йæ сбæлвырд кæндзæн.
Афтæдæр инициативæйæ, специалон ахуырадон къурсыты-программæты сæххæсты нысанæй, камис барджын у, медиа ахуырдзинады ахуырадон-иртасаг центр æрфидар кæна. Афтæма, ацы нысæнттæй æмæ æндæр интересджын уæнгты хайадæй. Камис барджын у медиаахуырдзинады райтынгы хызаг-платформæ, веб-фарс сараза.
Уымæй уæлдай, ивындзинадмæ гæсгæйæ, Æхсæнадон Телеуынынад хæсджын уыдзæн, баахъаз кæна дзыллæйы æхсæн медиаахуырдзинады райтынг, уый нымæцы, медиаахуырдзинады æмвæзад фæбæрзонддæр кæнынмæ гæсгæ арæзт теле-радио продукцийы уацхæссынадон хызагы бавдисыны фæрцы.