Коммуникациты камис - телекоммуникацион  лæккадыл  тарифты фæфылдæрæн  ницы  разæууæлттæ ис
Коммуникациты камис - телекоммуникацион лæккадыл тарифты фæфылдæрæн ницы разæууæлттæ ис

Абоненттæн   телекоммуникацион  лæккадыл  тарифты фæфылдæрæн  ницы  разæууæлттæ æмæ бындур нæй-   уый фæдыл   информацийы  Гуырдзыстоны  коммуникациты  националон камис хъусын кæны.

Афтæдæр сæ  хъсинагæй,  коммуникациты националон камис  «Магтикомы»  æмæ «Силкнеты»  ахæлиугонд  фидиуæнты бындурыл,  уайтагъддæр  райдыдта  фарста  ахуыр кæнын.

«Камис бацахуыр кæндзæн, цас  адекватонæй  цæуы  дыууæ нысаниуæгджын æндæвдад кæмæн ис  уыцы   операторы æрдгæй  иурæстæгонæй  æргъты фæфылдæр.

Коммуникациты националон  камис дыууæдæр оператормæ сиды, цæмæй  фарстайы  кæронмæ  баахуыры онг, бауромæт  тарифты  ивд.

Уымæй дарддæр ма хаххгондæй  хъусын кæнæм, цæмæй  камисмæ ис закъонæй лæвæрд алы  барадон  мæцъис, компанитæ  цы æнæзакъонон   уынаффæ рахæссой, ууыл  иттæг карз реагирдзинад равдиса» – банысангонд у коммуникациты  националон   камисы информацийы.

«Джеоселы», «Силкнеты» æмæ «Магтийы» абонентты  хайæн    лæккады тарифтæ  зынаргъдæр кæнынц.  «Магтийы» цауы,   рауæггонд тарифтæ 18  февралæй   скусдзысты, «Джеосел» æмæ «Силкнеты»  абоненттæн та  фыццаг  мартæй.

Бастдзинады  компаниты  хъусын кæнынц, цæмæй  пайдагæнджытæн  фæхуыздæргонд  лæккад æмæ интенрнеты  фылдæр гуырхаст æнхъарынц.