Иракы сахар Хавиджайы цуп ссардтой массон ингæн. «Би-Би-Си»-ы хъусинагæй, ингæны иууылцъус 400 адæймагы мард ссардтой. Киркукы провинцийы губернатор куыд дзуры афтæмæй, ацы территорийы кантрол кодта къорд «Исламы Паддзахад». Мæрдты фылдæр конд уыдысты ахæм дарæсы, кæцы иу экстремисттæ дæттой мæлæт æфхæрдмæ лæвæрд уæнгтæн. Иракаг æфсæддæтты хъусинагæй, ингæн ис сахармæ хæстæг уæвæг авиабазæйы территорийыл, кæцыйæ «Исламы Паддзахады» хæцджытæ пайда кодтой уыдонæн нæфæндгæ уæнгты экзекуцийæн.
Иракаг æфсæддæттæ «Исламы паддзахады» басæттыны фæстæ юирæ массон ингæн ссардтой. «Associated Press» ивгъуыд азы рахæлиу кодта 52 бынаты ранымад, кæцы рæтты ис массон ингæнтæ, кæцыты мидæг 5000-æй 15000 мины онг мард ис ныгæд.