Иракы тæрхондон  «Исламы Паддзахады»  уæнгдзинад зылынмæ лæвæрд  Германийы  æмбæстагæн  стæрхон кодта мæлæтæй æфхæрд
Иракы тæрхондон «Исламы Паддзахады» уæнгдзинад зылынмæ лæвæрд Германийы æмбæстагæн стæрхон кодта мæлæтæй æфхæрд

Иракы тæрхондон  «Исламы Паддзахады»  уæнгдзинад зылынмæ лæвæрд  Германийы  æмбæстагæн  стæрхон кодта мæлæтæй æфхæрд.

Фæдæвзарæнмæ гæсгæ,   зылынджын сылгоймаг экстремист  хæцджытæн æххуыс кодта,  хайад иста терактты  æмæ афтæдæр  барадхъахъхъæнæг  уагдæттæм бырстыты.

Иракы иууылбæрзонд тæрхондоны куыд расидтысты афтæмæй,  Германийы æмбæстаг йæ фыдракæндыл басастис.

Германийы хицауады хъусинагæй,  фæстаг 5 азы мидæг, бæстæйæ  экстремистты  рæнхъыты уæнгсуæвыны нысанæй,  Ирак æмæ  Сирийы  1 000  адæймаг араст ис.  Уыдонæй  фыдыбæстæмæ ма æрыздæхтис  300 æмæ 150  та  конфликты зонæйы  фæмардысты.