Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Квирикашвили хицауады структурон æмæ кадрон ивдтыты фæдыл абон сæрмагонд фидиуæны сарызта.
Ивдтытæм гæсгæйæ, 18 мнистрад фæкъаддæр уыдзысты 14-ы онг.
Европаг æмæ Евроатлантикон структурæтæм интеграцийы ф арстыты паддзахадон митистры аппарат, баиу уыдзæн фæсарæн хъуыддæгты министрадмæ. Æрдзы хъахъхъæды министрад, иу кæнынц хъæууон хæдзарады министрадимæ. Культурæйы æмæ цыртты хъаххъæды министрадмæ баиу кæндзысты спорты æмæ æрыгонон хъуыддæгты министрады спорты компонент. Экономикæйы æмæ æнæцудгæ тынгады министрадмæ баиу уыдзæн энергетикæйы министрад æмæ æрдзы хъахъхъæды министрады æрдзон ресурсыты фæткъдар компонент. Паддзахадон æдадзсинады куыстмæ, баиу уыдзæн æддæг рагысгарæг куыст.
Мидхъуыддæгты министрады абон архайæг уæлвæтк уавæрты фæткъдар агентады æмæ паддзахадон æдасдзинады æмæ кризисты фæткъдар советы реорганизацийы фæтсиугææн, бындурæвæрд цæуы уæлвæтк уавæрты фæткъдар центр, кæцыйæн къухдариуæг кæндзæн Гиорги Мгъебришвили.
Цыдæриддæр та министртæм æххæссы, мидхъуыддæгты министры бынатмæ бавдыстгонд у экономикæйы архайæг министр Гиорги Гахариа.
Финансты министрæй снысан уыдзæн Мамука Бахтадзе, кæцы ныр у «Гуырдзыстоны æфсæнвæндаджы» генералон директор.
Ахуырады министрады æмæ спорты министрады хайы ссиу кæныны фæстæ, министры пост бацахсдзæн Михеил Чхенкели, кæцы ныр Тбилисы паддзахадон университеты проректор у.
Культурæйы министрады æмæ спорты министрады хайы иугонд структурæйæн къухдариуæг кæндзæн Михеил Гиоргадзе.
Æрдзы хъахъхъæды министрады æмæ хъæууон хæдзарады министрады баиуы фæстæ, министры пост бацахсдзæн Леван Давиташвили.
Фæсарæн хъуыддæгты министрады æмæ Европаг æмæ евроатлантикон структурæтæм интеграцийы фарстыты паддзахадон министры аппараты сиу кæныны фæстæ, министрæй уыдзæн Михеил Джанелидзе.
Хицауады структурон æмæ кадрон ивдтыты пакет, хицауады æввахсдæр рабадтыл сбæлвырд уыдзæн, цæй фæстæдæр æркæсынмæ æрвыст æрцæудзæн парламентмæ.
Абоны сæрмагонд фидиуæны мидæг премьер куыд банысан кодта афтæмæй, уый ныфсджын у, цæмæй реформæтæ æмæ ивдтытæ позитивонæй бандавдзысты бæстæйы размæцыд æмæ тынгадмæ.
Æууæнк расидыны процедурæ декабры фыццаг бонты райдайдзæн æмæ амал уæвгæйæ ног азы онг фæуыдзæн.