Европарламент æридтис Евроцæдисы институттæм, саммит ноджы иу хатт нымадæ райса Гуырдзыстоны Европæйаг тырнынадтæ
Европарламент æридтис Евроцæдисы институттæм, саммит ноджы иу хатт нымадæ райса Гуырдзыстоны Европæйаг тырнынадтæ

Европарламент æрсидтис  Евроцæдисы  институттæм, цæмæй  саммит  ноджы иу  хатт  райса нымадмæ  Гуырдзыстоны, Украинæ æмæ Молдовæйы  Европæйаг тырнынадты – уый фæдыл  дзырдæуы  хыгъдлæвæрды европарламенты   рекомендациты фæдыл  «скæсæн партнерадмæ гæсгæ 2017 азы  ноябры самиты размæ.

Хыгъдлæвæрдæн  «Скæсæны партнерады» фæдыл   европаламенты   пленарон сессийыл  абон сæппæрстой хал  æмæ йын йæ фарс рахæцыд 519  депутат, 114  ныхмæ.

Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады информацийæ,  европарламент  рекомендацитæй  сиды  евроцæдисы советмæ, еврокамисы  æмæ   еврпæйаг   æддæ архæйдтыты  куыстмæ.

«хыгъдлæвæрд æвдисы Гуырдзыстонæн цалдæр приоритетон   ардæмад, сæрмагондæй: европарламент  сиды   евроцæдисы   институттæм,  цæмæй  «Скæсæн партнерады»  саммит  бахахх кæна уый цæмæй  ассоциацидзинады бадзырдтæ  Гуырдзыстон Молдовæ æмæ Украинæимæ,  не сты евроцæдисимæ ахастыты  кронбæттæн нысан  æмæ   уый цæмæй саммит  Гуырдзыстон Молдовæ æмæ Украинæмæ гæсгæ,  бирæгъуыдон  нысæнттæ  хъуамæ сæвæра.

Европарламент сиды  евроцæдисы  институттæм,ц æмæй  саммит  ноджы иу хатт  райса нымадмæ   Гуырдзыстоны, Украинæ æмæ Молдовæйы  европæйаг тырнынад уырдгæй рацæугæйæ,  цæмй  евроцæдисы бадзырды 49-æм  сæры æмæ 2017 азы 25 марты  Ромы   декларацимæ æмбæлгæйæ,  алы европæйаг  бæстæмæ ис  бар,  сараза куырдиат  Евроцæдисы уæнгсуæвыны» –  хъусын кæнынц  фæсарæн  хъуыддæгты министрады.

 

Хыгъдлæвæрдмæ гæсгæйæ,   европарламент афтæдæр сиды  уæнг  паддзахадтæм,   сразы уой   саммиты амбицион   декларацийы фæдыл, кæцы  æмбæлон бирæмгъуыдон нысæнттæ  сæвæрдзæн.

«Европарламенты хыгъдлæвæрды ис  дырыс æрвитæггæгтæ  «Скæсæн партнерады»  бæстæты   суверенитет æмæ   территорион æнæхъæндзинадмæ гæсгæ   Ацы контексты  афтæдæр   хаххгонд  Уæрæсейы Федерацийы  æрдгæй  æхсæнадæмон   хæсдзинадæтæ  æнæсыххæсты фарст.   Афтæма,  хыгъдлæвæрды   банысангонд у  конфликтты  сабырадонæй аскуыддзагы  хъуыддаджы, евроцæдисы ролы  райрæзын кæныны нысаниуæг, хурыскæсæйнаг сыхæгтæм сырæзт уавæры, уый  нымæцы Гуырдзыстоны  дыууæ регионы  оккупацийы зæрдыл даргæйæ.

Уымæй уæлдай, европарламент  æрсидтис камисмæ,   Европæйы инвестицион банкъмæ æмæ  æндæр финансон институттæм, райсой хайад  европаг инвестицион  планы æнтыстджынæй сæххæсты хъуыддаджы,  афтæдæр   бакусой  ассоциацидзинады  бадзырды æххæстгæнæг  партнер бæстæтæн специалон   æххуысы  механизмы  скусын кæнынæн; афтæма европарламент æрсидтис  советмæ,  бындурæвæрд æрцæуа  специалон фонд  (trust fund)Украинæ, Гуырдзыстон æмæ Молдовæйæн – бирæдоннорджын  инструменттæй спайдайæ,  инвестицион  проектты  сыххæст кæнынæн» – хъусын кæнынц  Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады.

Европарламенты  хыгъдлæвæрды афтæдæр дзырдæуы «Скæсæн Партнерады»  бæстæтыц æмбæстæгтæн, Евроцæдисы   ахуыргæнæндæтты  ахуыры  фадæттæ фæрогдæр кæныны æнæмæнгхъæуæгдзинадыл, астæуккаг  æмæ лыстæг  амалиуæгдæртты   куыст  баахъаз кæныны  æмæ ацы бæстæты инфраструктурон  проектты  сæххæсты æнæмæнгдзинадыл.