Гуырдзыстон  бавдыстой ИНО-ы æдасдзинады советы  æмсæрдарæй
Гуырдзыстон бавдыстой ИНО-ы æдасдзинады советы æмсæрдарæй

ИНО-ы  генералоон   ассамблейы  72-аг сессийы фæлгæтты, ИНО-йы  æдадсзинады  советы   реформæйы  уæрæхмасштабон   бадзырдты  æмсæрдæрттæй, ИНО-ы Гуырдзыстоны  иудадзыг   минæвар Каха  Имнадзе æмæ   Арабты Иугонд  Эмиратты  иудадзыг   минæвар Лана Заки  Нусеибы  бавдыстой.  Гуырдзыстоны æддæ хъуыддæгты  министрады информацийæ,   уый фæдыл  ИНО-йы   генералон  ассамблейы  нымæрдары  Мирослав Лайчакъы   фыстæджы дзырдæуы.

Æддагполитикон уагдоны   хъусинагæй,   ИНО-йы  æдадсзинады советы  реформир кæныны  æхсæнхицауадон  бадзырдты   æмсæрдæрттæй,   Гуырдзыстоны  иудадзыг минæвары  снысан кæнынæй, ноджы иу хатт сбæлвырд уый цæмæй Гуырдзыстон  æхсæнадæмон аренæйыл нымадмæ ист æрцыд зæгъгæ.

Æддагполитикон уагдоны хъусинагæй,   æдадсзинады советы реформæйы  фæдыл бадзырдтæ, генералон ассамблейы  1993 азæй цæуы,  фæлæ æхсæнхицауадон бадзырдты хуыз  райста 2008-æм азы.  Æхсæнхицауадон  бадзырдты  сæйраг элементтæ сты  – уæнгдзинады  категоритæ,   регионалон   райуæрст,  ауæрæхгонд æдасдзинады  советы  уæнгты нымæц, куысты методикæ, ветойы  фарст,  афтæма æмгуыстад  советы æмæ  генералон   ассамблейы æхсæн.  Фæнысангонд   бадзырдты  процесс   даргъæигъуыждджын у, фæлæ  алы  уæнг паддзахад разы сты,  цæмæй  сидтыты, тасы  абон архайæг уавæры  хæрзхъæдæй равдисынæн,  æнæмæнгхъæугæ у æдадсзинады советы реформир кæнын.

Æмсæрдары  рол у  фарстыл  æхсæнхицауадон  бадзырдты   фæткъ дарын æмæ уæнг паддзахадты позициты  схатдзæг кæнын.