Гуырдзыстоны хицауады ног скондæн æнæмæнгхъæугæ у парламенты æууæнк райсын
Гуырдзыстоны хицауады ног скондæн æнæмæнгхъæугæ у парламенты æууæнк райсын

Гуырдзыстоны  хицауадæн, кадрон æмæ структурон  реорганизацийы  тыхæхй,   парламенты æрдгæй  æууæнк  ногæй расидын хъæуы.  Абон архайæг   конституцийæ, хицауады  сæрыфыццаг   сконды  1/3-æ  ранæуæгы цауы,  Гуырдзыстоны  президент  иу  къуырийы æмгъуыдмæ  парламентæн  æууæнк райсынæн  хицауады  скондæн бюавдисдзæн.

Афтæма,  конституцийæ, закондæттæг органы  хицауады   скондимæ иумæ  бавдыст хъуамæ уа  хицауадон программæ дæр.   Æххæстгæнæг   хицауадæн парламенты æууæнк райсынæн  æнæмæнгхъæугæ у   76 депутаты  разыдзинад. Уымæй уæлдай ма,  уый тыххæй  цæмæй   дыууæ министрад аивдзæн,  ивындзинæдтæ æнæмæнгхъæугæ уыдзæн  закондæттынады дæр.

Цыдæриддæр та  закондæттæг органы  хицауадæн æууæнк расидыны   процедурæтæм æххæссы,  уый фæстæ президент  парламентæн хицауады рауæнæггонд  сконды  куы бавдисдзæн, министртæм кандидаттимæ фембæлдтæ  сырæзддзæн куыд комитеты форматы, афтæ   фракциты режимæй,  кæцыйы фæстæ   премьер-министры  куъхадриуæгæй  министртæ кандидаттæ,  ралæудзысты пленарон   рабадтыл, цыран    сырæздзысты политикон дебаттæ.

Гуырдызстоны парламент  хицауадæн æууæнк фæстаг хатт расидтис,  2016  азы  ноябры   æмæ премьер-министр  Гиорги Квирикашвилийы  кухдариуæгæй  министрты кабинет, 110  фарсхæцæгæй  19-ы ныхмæ  сбæлвырд кодтой.

Гуырдзыстоны  хицауады   ивдтыты  фæдыл  Гиорги Квирикашвили  специалон  брифингыл фехъусын кодта.