Бразилийы фæсарæн хъуыддæгты министр Алоизиу Нунес Феррейра фыццаг официалон визитæй æрцыд Гуырдзыстонмæ. Нунесæн аэропорты йæ размæ рацыд фæсарæн хъуыддæгты министры фыццаг хæдивæг Давит Залкалиани, делегациимæ иумæ.
Давит Залкалиани банысан кодта, цæмæй Бразилиимæ дыууæфарсон ахастыты, приоритетон ардæмадтæ сты туризм æмæ экономикæ.
Бразили Федерацион республикæйы фæсарæн хъуыддæгты министрæн сом афысым кæндзысты Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгт министрады. Боны мидæг Нунесимæ фембæлдзысты бæстæйы президент, премьер æмæ вице-пермьертæ. Визиты фæлгæтты æркæсдзысты æмгуыстады алы æгæнæ сферæ, кæцыты дыууæ дæр бæстæ, ахастыты фæарфдæр кæнын хъавынц, уый нымæцы регионалон æмæ æхсæнадæмон организациты форматты дæр.
Дыуæ бæстæ, туризмы къабазы ахастыты фæарфдæр кæнын, сом документæй бафидар кæндзысты. Уый къухбафыст æрцæудзæн фæсарæн хъуыддæгты министрады.
Бразилий уыцы бæстæты ранымады ис, кæцытимæ Гуырдзыстонæн архайы æнæвизæ режим, Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн, кæцыфæнды 180 боны периоды, Бразилийы уæвын сæ бон 90 боны æмгъуыдæй.