Атъены комы алы артдзæстдæр ликвидацигонд у
Атъены комы алы артдзæстдæр ликвидацигонд у

Атъены комы  алы  артдзæстдæр ликвидацигонд æрцыд – уый фæдыл  банысангонд у  сæрмагонд  штабы фидиуæны. Сæ информацийæ,  Уæллаг Бошурийы хъæуы  алфæмбылæйтты хъæды  зынгсирвæзты  ахуыссын кæнын,  зынвæдисонтæ архайдтой  æнæхъæн æхсæвы дæргъы.  «Бынатыл æфсæддæттимæ иумæ æхсæвы дæргъы  уыдысты  хъахъъхæнынады министр æмæ генералон штабы  хистæр.  Атъены  комы   зынгсирвæзты ликевидацион   куыстыты, хъахъхæнынады министрады фыццаг  фситæг бригадæй  250 æфсæддонимæ  иумæ, мидхъуыддæгты  министрады   уæлвæтк уавæрты   агентады  кусджытæ дæр истой  хайад.  Сыгъд территорийыл  цалдæр дæсой   æфсæддон баззайдзæн æмæ территорийы  мониторинг кæндзысты 2  боны дæргъы.  Гуырдзыстоны премьер-министры  скуыдщдзагæй,   Атъены  комы зынгсирвæзты  ликвидацийы нысанæй æмæ æнхъæлмæ кæсинаг рискъытæй  хи аиуварс кæнынæн, æфтауцæй  удæгас тыхы  мобилизаци  аскуыддзаги.   Гиорги Къвирикашвили  æфсæддон  тыхтæй спайдайы  бавдисыны  æркуырдæй знон æрсидтис Гуырдзыстоны президент Гиорги Маргвелашвилимæ.  Ацы рæстæгмæ   æнæнруромгæ режимæй  дарддæр кæнынц  сыгъды ликвидацион куыстытæ  Борджомы комы.  Сæрмагонд штаб  фæстæмæ 24 сахатон режимæй дарддæр кæны  кусын, координаци кæнын  æмæ ирвæзынгæнæн   планыл куысты  йæхæдæг у баст  премьер-министр» –  фæнысангонд у  сæрмагонд штабы  фидиуæны.