Змæлд «Шецвале»-ы акци  «Гуырдзиаг  Бæллиццы» офисы цур
Змæлд «Шецвале»-ы акци «Гуырдзиаг Бæллиццы» офисы цур

«Гуырдзиаг  Бæллиццы»  офисы цур,  змæлд «Шецвале»-ы уæнгтæ   акци ауагъдтой.   Акцийы  хайадисджытæ маскъæты  мидæг уыдысты,  афтæдæр сæм уыд  хъазæн пандæтæ.

«Шецвале»-ы   уæнгты дзырдæй,  зæгъгæ   акци символон  равг хæссы  æмæ сæ фæнды  «Гуырдзиаг Бæллиццы»  офисы  канцелярийы  ныууадзой хъазæн пандæтæ.

«Фейсбук»  «Гуырдзиаг Бæллиццæн» блокъ  скодта  «Пандæ»,  уый  тыххæй  нæ  фæнды   мах  сын   ныууадзæм символонæй  пандæ», –  райхъусын кодта  акцийы   иу  хайадисæг.

Акцийы   хайадисджыты, «Гуырдзиаг Бæллиццы»  офисы уæнгы   минæвæрттæ мидæмæ нæ  бауагъдтой,  кæцыйы  фæстæ, акцигæнджытæ  хъазæн пандæтæ  партийы  офисы раз  ныууагъдтой.

Социалон хызаг  «Фейсбук»   сæрмагонд платформæйæ  æмæ   «Инустаграммæй»  Гуырдзыстоны  арызт   418  æнæавтентон  профайл  схафта.  «Фейсбукы»  информацийы  мидæг банысангонд у, цæмæй  сæ иртасæнæй рабæрæг ис, цæмæй  ацы  профайлты  фæстæ  лæууыдытсы «Гуырдзиаг Бæллиццы»  хицауады  уæнгтæ æмæ  рекламон агентад  «Панда».