Батумы  наулæууæны  круизон лайнерæн, кæцыйыл Уæрæсейы  æмбæстæгтæ сты, акциимæ рацыдысты йæ размæ
Батумы наулæууæны круизон лайнерæн, кæцыйыл Уæрæсейы æмбæстæгтæ сты, акциимæ рацыдысты йæ размæ

Æнæхъæн æхсæвы  дæргъы   цыдис  протестон акци  Батумы   наулæууæны.

Круизон  лайнер  «Astoria Grande», кæцыйыл Уæрæсейы    æмбæстæгтæ  сты,  наулæууæнмæ  сæумæрасомы  06:00 сахатыл бацыд.  Уымæн йæ размæ  рацыдысты   акцийы хайадисджытæ.

Бынатыл   цалдæр   хатт æрцыд быцæудзырд  барадхъахъхъæнджытимæ. Æнхъæлцау  ахст сты дæсы онг адæймаг.

Наулæууæны  цур, Гогебашвилийы  уынджы  хай  æрыхгæдтой барадхъахъхъæнджытæ, иннæ  хай та   акцийы  хайадисджытæ.   Науы цур  барадхъахъхъæнджытæ сты мобилизацигонд.

Бынатыл сты  æмбæстæгтæ, «Националон Змæлды» æмæ æндæр оппозицион  партиты   минæвæрттæ.

Круизон   лайнеры  æрбацыд спротест кæнынæн, Баутмы  наулæууæны   æмбæстæгты æмæ  оппозицион партиты  минæвæрттæ    æмбырд кæнын 00:00 сахатæй  райдыдтой.  Бынатыл уыд  быцæуæмбæлдтæ, кæцыйы фæстиуæгæн цалдæр адæймагы æрцахстой.

Экономикæйы æмæ æнæфæцудгæ райрæзты министрады  райхъусын кодтой, цæмæй Палауйы тырысайы бын ленкæнæг  круизон лайнер Astoria Grande  санкциргонд нæу æмæ  дунейы  æндæр æмæ æндæр наулæууæнтæм уæгъдибарæй  бахизы.