Виола фон Крамон – 5 июлы тыхмидзинад æмæ лæбурдтытæ нын равдыстой, цас  нысаниуæгджын  у сахуыр уæм  нæ позициты æрыввахс кæнын  сабыр æмæ  конструктивон  фæндæгтæй
Виола фон Крамон – 5 июлы тыхмидзинад æмæ лæбурдтытæ нын равдыстой, цас нысаниуæгджын у сахуыр уæм нæ позициты æрыввахс кæнын сабыр æмæ конструктивон фæндæгтæй

Абон  лæвæрд видео-конференцийыл,  кæцы Европарламенты демократийæн æххуысы, æвзæрстыты  координацион корды  æмæ Гуырдзыстоны парламенты организацигонд у, каст цæуы  парламенты  оппозицийы  барты  æмæ  бæрны темæ.  Конференцийы  хайад исынц  Европарламенты сæрдар Девид  Сасоли,  афтæма Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Каха Кучъава, европарламентартæ  æмæ Венецийы Комиссийы  уæнгтæ.

«Хъыгагæн,  ноджы иу хатт  дырысæй федтам, 5 июлы  тыхмион  лæбурдтыты  рæстæджы, цæмæй  нысаниуæгджын  у  сахуыр кæнæм хъауджы позицитыл æрдзурын, æрыввахс кæнын сабыр  æмæ  конструктивон фæндæгтæй, хицауады æмæ  æхсæнады алы æмвæзадыл. Ацы æрдгæй Гуырдзыстоны парламент хæсджын у  дæнцæг уа,  куыд цытгæнæгæйæ  ахаст дары хъауджы позицитæм æмæ   æргом уа  компромисс æмæ  диалогмæ, куыд  фундаментон къæхдзæф  Гуырдзыстоны Европаг  фæндагыл», –  райхъусын кодта немыцаг европарламентар  Виола фон Крамон.