Украинайы  коронавирусæй   инфицирады 758 ног цау рабæрæг ис, фæмард  31 адæймаг
Украинайы коронавирусæй инфицирады 758 ног цау рабæрæг ис, фæмард 31 адæймаг

Украинайы  фæстаг æхсæв-боны мидæг,  коронавирусæй   инфицирады  цауты рекордон нымæц   рабæрæг ис. Украинаг медиа  куыд хъусын кæны,  афтæмæй,    «Ковид-19»  сбæрæг ис  758 адæймагмæ.  Афтæма фæстаг 24  сахаты мидæг  бæстæйы  амард  31  фæрынчынуæвæг,  кæцы  афтæдæр рекордон нымæц у.

Украинайы  æмтгæй райсгæйæ,  рабæрæг ис  – коронавирусы  33 234 бæлвырд  цау  сты  фиксир гонд, фæмард 943 адæймаг.

Украинайы   вирусæй фæрычынуæвæг  14 943 адæймагæн схос кодтой.