Украинаг  æфсæддæттæ хъусын кæнынц, цæмæй Авдеевкæйы цур дыууæ  хъæуæй сæхи райстой
Украинаг æфсæддæттæ хъусын кæнынц, цæмæй Авдеевкæйы цур дыууæ хъæуæй сæхи райстой

Украинаг æфсæддæттæ хъусын кæнынц, цæмæй  Авдеевкæйы цур  уæвæг дыууæ  хъæуæй  сæхи райстой, – уый фæдыл  информаци Украинайы   Æхсæнадон Уацхæссæг  Украинайы  гарзджын тыхты  оперативон  къорд «Тавриайы» минæвар Дмитри  Лиховойыл æнцойæ хъусын кæны.

«Нæ æфсæддæттæ   рацыдысты  чысыл хъæутæй  Северное æмæ  Степное. Ацы хъæуты  хæсты онг  æдæппæт 100 адæймаг цардис», –   райхъусын кодта Лиховой.

Уыимæ йæ  ныхæстæм гæсгæ, украинаг æфсæддæттæн бантыстис хъахъхъæнынады  хаххы стабилон скæнын Тоненкойы, Орловкæйы æмæ Бердичевы   районты.

Бæрæгдзырдæн, абон сæумæрайсом  Уæрæсейы  хъахъхъæнынады министр Сергей Шойгу  фехъусын кодта, цæмæй уырыссаг æфсæддæттæ  Украинайы цæрæн пункт Северное бацахстой.