Украинайы фæстаг  æхсæв-боны  дæргъы  коронавирусы 2 174  цау  рабæрæг ис
Украинайы фæстаг æхсæв-боны дæргъы коронавирусы 2 174 цау рабæрæг ис

Украинайы   фæстаг  æхсæв-боны  дæргъы  коронавирусы  2 174  цау  рабæрæг ис. Украинайы  æнæнизхъахъхъæды  министрады  бæрæггæнæнтæй,   ивгъуыд  24 сахаты  дæргъы, «Ковид-19»-ы  39 фæрынчынуæвæг амард. 374  пациент та   сæнæниз сты.

Коронавирусы сегасдæр  фылдæр  цаутæ  рабæрæг ис   Киевы – 244 æмæ Львовы  зылды – 186.

Коронавирусы ахæлиуæй  абоны онг, Украинайы  рабæрæг  ис  «Ковид-19»-ы 138 068  цау. Амард  2 877 адæймаг, 62 606 пациент та, снæниз ис.