Уæрæсейы  фæстаг 24 сахаты мидæг  коронавирусæй фæрынчын ис 5 529  адæймаг, 150 пациент та  амард
Уæрæсейы фæстаг 24 сахаты мидæг коронавирусæй фæрынчын ис 5 529 адæймаг, 150 пациент та амард

Уæрæсейы  фæстаг   æхсæв-боны мидæг   коронавирусæй  5 529  адæймаг  фæрынчын ис, 150 пациент та  амард. Æмбæлгæ бæрæггæнæнтæ  Уæрæсейы  хицауады специалон  веб-фарсыл  æрцыд публикацигонд.

Официалон статистикæйæ   пандемийы  райдаынæй  абоны онг  бæстæйы  коронавирусы  1 милуан   73   минæй фылдæр  цау  у  бæрæг,  сæ нымæцы 884 305 сæнæниз сты, 18 785 та амард.