Уæлвæтк  уавæрты фæткдар  куыст стихийы   фæстиуджыты   ликвидацион куыстыты  фæдыл  информаци  хæлиу кæны.
Уæлвæтк уавæрты фæткдар куыст стихийы фæстиуджыты ликвидацион куыстыты фæдыл информаци хæлиу кæны.

Гуырдзыстоны  уæлвæтк уавæрты фæткдар  куыст  фидар къæвдайы  фæстиуæгæн  Гуырдзыстоны   регионты    сырæзт проблемæты  æмæ    стихийы   фæстиуджыты   ликвидацион куыстыты  фæдыл  информаци  хæлиу кæны.

Уагдоны хъусинагæй, Кахеты, Гуры æмæ   Гардабаны,   тæркъæвдайы  фæстиуæгæн сцад сты  цæрæн  хæдзæрттæ æмæ   хъæууынгтæ.

«Къахет – сцад ис   Сигънагъы  æмæ   Лагодехს  цыппар хъæу.   Æдæппæт æрбацыд   6  хъусинаг. Кахеты  цæрæн хæдзæрттæй донцъирæн  мадзæлттæ  фесты.

Гур –  сцад сты  хæдзæрттæ æмæ  хъæууынгтæ. Æдæппæт  райстам  18 сидты.  Ирвæзынгæнджытæ эвакуаци скодтой  æмæ   æдас  ранмæ  аргъæвдтой   3  хæдзары бинонты.  Ацы рæстæгмæ Гуры   уагъд цæуынц  хæдзæртты  ныккæндтæй  донцъирæн  мадзæлттæ.

Гардабан,  хъæу  Кърцъанис – сцад сты  цæрæн  хæдзæрттæ   æмæ   хъæууынгтæ.  Райстам  цыппар   хъусинаг.   Ирвæзынгæнджытæ  11   хæдзарæй  ракодтой   15  адæймагы.

Кърцъанис хъæуы   хæдзæрттæй  дон сцъирыны  мадзæлттæ  сног сты  сæумæрайсомæй», – дзырдæуы уæлвæтк  уавæрты  фæткдар  агентады   информацийæ.

Уагдоны  хъусинагæй  стихийы  фæстиуæгæн   иунæг  регионы  дæр   æмбæстæгтæ  нæ  базиан сты.

«Уæлвæтк уавæрты  фæткдар  куыст,   дарддæр кæны   специалон режимæй  кусын»,- хъусын  кæнынц   уагдоны.