«Тбилисоба» нæдæр ацы аз уыдзæн
«Тбилисоба» нæдæр ацы аз уыдзæн

Пандемийы  тыххæй «Тбилисобайы» фæлгæтты, бæрæгбонон мадзæлттæ нæдæр ацы аз  уыдзæн, –  уый фæдыл  Тбилисы мэр Каха Каладзе, муниципалитеты хицауады абоны  рабадтыл райхъусын кодта.

Каха Каладзе  куыд банысан кодта афтæмæй,   зæгъгæ уæвæг уавæры   нысаниуæгджын у адæймагы  цард æмæ æнæниздзинад. «Октябры  райдайæны кæддæриддæр  вæййы  адæмон  бæрæгбон, кæцы æцæгдæр тынг фидауы ацы горæтыл.  Хъыгагæн, ивгъуыд азы   нæм нæ фæцис фадат  «Тбилисоба» ауадзын.  Уæвæг  пандемийы тыххæй,  ацы аз дæр  нын раст уыцы проблемæ ис.  Абон дæр тох кæнæм  æнæуынгæ  знаджы  ныхмæ, кæцы хуыйны коронавирус.  Уымæ гæсгæ  дæр   сегасдæр сæйраг  æмæ  нысаниуæгджын у, адæймаджы  цард æмæ æнæниздзинад. Уый тыххæй  бæрæгбонон амадзæлттæ  нæдæр ацы аз  уыдзæн», –  фехъусын кодта Каха Каладзе.

Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ,   «Тбилисобаимæ» баст  концерт  æмæ цытджын тбилисæгты  хорзæхджын кæныны церемони  лæвæрд уыдзæн комкоммæ эфиры.

«Уыдзæн нын цытджын тбилисæгты хорзæхджын кæныны  церемони.  Афтæдæр онлайн режимы уыдзæн  фадат  концерт фенын. Æмбарын  цы уавæр у. Максималонæй  хъуамæ  бахъахъъхæнæм æмæ  бацауæрдæм  нæ кæрæдзийыл», – банысан кодта горæты мэр.